Нæ зынаргъ Æрыдоны районы цæрджытæ! — 12 июля 2026 г. в 04:30:02.508
Нæ зынаргъ Æрыдоны районы цæрджытæ! Абон ирон адæм бæрæг кæнынц нæ сæйрагдæр бæрæгбæттæй иу – Хетæджы Уастырджийы бон. Арфæ уын кæнæм бæрæгбоны фæдыл æмæ уæ йæ хорзæх уæд! Ирыстоны алы рæттæй адæм цæудзысты Тымбыл хъæды дзуары бынмæ, æртыгай чъиритæй кувдзысты Хуыцау æмæ Уастырджимæ, æргом кæндзысты сæ зæрдиаг бæллицтæ. Сыгъдæгзæрдæйæ чи кува, хорздзинæдтæ зæрдиагæй чи кура, уыдоны куывдтытæ æрцæуæнт Ирыстоныл. Нæ фæсивæдæй бирæтæ хæсты быдыры кæй сты, уый рох никæмæй у. Хистæртæ сын агурдзысты уæлдай ахъаздзинад, æмæ сæ хæстонты бардуаг – Уастырджи – уæлахиздзаутæй сæ къонатыл æмбæлын кæнæд! Хетæджы Уастырджи Ирыстоны адæмы фыдбылызæй хизæд. Хорз бæрæгбæттæ уыл цæуæд æмæ бæрсткуывд ут! - Æрыдоны районы сæргълæууæг Мæрзаты Владислав, Æрыдоны районы администрацийы сæргълæууæг Баситы Владислав.

