Абон Ирыстон бæрæг кæны Хетæгкаты Къостайы 167 азы гуырæнбон.
Абон Ирыстон бæрæг кæны Хетæгкаты Къостайы 167 азы гуырæнбон. Фæззæг! Сызгъæрин фæззæг! Бæркадджын фæззæг! Ацы рæсугъд афæдзы афон æппæт Иры адæм бæрæг кæнынц Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бон! Азæй-аз кадджын дæр æмæ бæрзонд дæр кæны Къостайы ном. Бæрæгбон бацæттæ кодтой ирон æвзаджы хъомылгæнæг Байсæгъуырты Мæринæ, хореограф Бесаты Мæринæ, бацæттæгæнæн къорды хъомылгæнæг Хъесаты Изæбеллæ.