🌄 Нæ урок: «Мӕ бинонтӕ»
🌄 Нæ урок: «Мӕ бинонтӕ» 💫Дыццӕджы нӕ дыккаг кӕстӕр къорды сабитӕн уыд диссаджы хъарм ӕмӕ уарзон бон! Сӕ ирон ӕвзаджы урочы темӕ уыд «Мӕ бинонтӕ». ✨Сабитӕ зӕрдиагӕй байхъуыстой, сӕ уарзон бинойнæгтæ иронау куыд хуыйнынц, уымæ. Мад 👩 Фыд 👨 Ӕфсымӕр 👦 Хо 👧 Нана👵 Дада👴 💫Сывæллæттæ сӕхи хорз равдыстой! Зæрдиагæй дзуапп лæвæрдтой ахуыргæнæджы фарстытӕн, сӕрыстырӕй дзырдтой сӕхи бинонты тыххӕй. 😍 🎨 Ахуыр кӕнӕм хъазгӕйӕ Урок ацыди сывæллæтты мидбылхудтимæ☀️ Ирон æвзаджы урок ӕрмӕст ӕвзаджы ахуыримæ баст нӕу. Уый у нӕ уидӕгтӕм, нӕ традицитам, нӕ уарзон æгьдæуттæм фæндаг . 💖 Дзурут иронау! Уарзут уæ мадæлон æвзаг!❤️ #ДетскийСад #ИронӔвзаг #ВтораяМладшая #МӕБинонтӕ #Семья #УчимсяИграя #ЛюбимыйДетскийСад