фембæлдтытæ, хъазтизæртæ, равдыстытæ. Ирыстонæй хуынд артистты, фысджыты æрбацыдыл уæлд... — 15 июня 2026 г. в 13:18:31.094
фембæлдтытæ, хъазтизæртæ, равдыстытæ. Ирыстонæй хуынд артистты, фысджыты æрбацыдыл уæлдай фæцин кæнынц. Ирæттæй Турчы чидæриддæр цæры – се ‘ппæты дæр зоны Хосонон, сæ хъус сæм дары, цины хабар уа, зиан æрцæуа – фехъусын кæны ирон æхсæнады минæвæрттыл хабар. Ирон адæмæй ма Турчы ‘рмæст дыууæ хъæуы цæры, иннæтæ йæ зæххыл алы рæтты ныппырх сты. Мутлуйы зæрдæ риссы, ассимиляцийы ныхмæ лæу-уынæн сæм хъару кæй нæй, ууыл. Фæлæ, уæддæр, сæ къухтæ не ‘руагътой. Гъе, ахæм ирон сылгоймаг цæры а зæххыл. Йæ чысылæй фæстæмæ архайы, «ирон ныхас кæйдæр адæмы ‘хсæн ма бамынæг уа»- йыл. Æмæ, кæд азтæ сæ уæз æруагътой йæ уæхсчытыл, уæддæр, фыццагау, не сивта йæ зæрдæ, йæ удæй фылдæр кæй уарзы, уыцы мадæлон æвзаг æмæ фыдæлты бæстæ – Ирыстоныл. Хуыбиаты Ларисæ

