Зонад æмæ сфæлдыстады тæмæнкалгæ цæхæры… — 15 июня 2026 г. в 13:11:28.519
Зонад æмæ сфæлдыстады тæмæнкалгæ цæхæры… Ацы бонты нæ уæздан æмæ цæстуарзон хистæр, сфæлдыстадон фæлтæртæ хъомылгæнæг æмæ сыл зæрдиагæй аудæг Хозиты Барис бæрæг кæны йæ 70 азы кадджын юбилей. Национ культурæ æмæ удварны фидæны зæрдиаг зиууон райгуырд 1956 азы 15 июны Цæгат Ирыстоны Æрыдоны районы Рассветы хъæуы. Йæ кары афон куы æрцыд, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд хъæуы астæуккаг скъоламæ. Хистæр кълæсты ахуыргæнгæйæ, зæрдиагæй архайдта скъолайы æмæ хъæуы æхсæнадон царды. Уыд Æрыдоны районы газет «Коммунизммæ фæндаг»-ы литературон иугонды уæнг. Йæ разамонæг та уыдис зындгонд журналист, фыссæг, поэт Боситы Ирбег. Уый зæрдиагæй аудыдта Барисы сфæлдыстадон курдиатыл, архайдта йæ рæзтыл. Йе ‘мдзæвгæтæ, радзырдтæ, уацтæ æмæ очерктæ йын арæх мыхуыр кодта ацы газеты. Астæуккаг скъола æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ бацыд Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон-уырыссаг филологийы хайадмæ. Фыццаг бонтæй йæхи равдыста ахуыр æмæ æхсæнадон архайды сæрæн, иртасæн æмæ сфæлдыстадон архайдыл æнувыд лæппуйæ. Йæ очерктæ æмæ уацтæ мыхуыры цыдысты республикон газеттæ «Рæстдзинад», «Æрыгон коммунист» æмæ «Социалистическая Осетия»-йы. Университет æмæ факультеты разамынд Барисы æнтыстытæм æркаст, æмæ дыккаг курсæй йæ ахуыр адарддæр кодта Бетъырбухы паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты. Ам ноджы зæрдиагдæрæй бавнæлдта ахуыр æмæ сфæлдыстадон-иртасæн куыстмæ. Æмбæлд æмæ-иу бирæ рæстæг ныхас кодта уæды рæстæджы номдзыд поэттæ, фысджытæ, журналисттæ, режиссертæ æмæ актертимæ. Архайдта сфæлдыстадон изæртæ æмæ литературон фембæлдтыты. Университеты ахуыр кæнгæйæ, мыхуырмæ бацæттæ кодта æмæ бæлвырд разныхасимæ рауагъта хицæн чиныгæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, зынгхуыст курдиатджын поэт, журналист Елехъоты Мураты æмдзæвгæты æмбырдгонд «За Родину». Мыхуыры рацыд 1983 азы чиныгуадзæн «Ир»-ы. Уый уыд æрыгон иртасæджы фыццаг зонадон-сфæлдыстадон куыст. Æнæдызæрдыгæй зæгъæн ис, кæй рауад æнтыстджын. Суаг Советон æфсады йæ хæс куы æххæст кодта (Германы), уæд йæ хæстæ фæзминагæй æххæст кæнгæйæ, уыциу рæстæг ахуыр кодта Æфсæддон журналистты скъолайы. Каст æй фæци æнтыстджынæй. Бетъырбухы паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты йæ ахуыр кæронмæ куы ахицæн кодта, уæд та бацыд ацы уæлдæр профессионалон ахуырады артдзæсты журналистикæйы факультеты аспирантурæмæ, уый дæр каст фæци æнтыстджынæй. Дзæуджыхъæумæ куы ссыд Барис, уæд цалдæр азы бакуыста газет «Рæстдзинад»-ы уацхæссæгæй. 1988 азæй Хозиты Барис у Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты Журналистикæйы факультеты доцент. Комкоммæ бар дары ацы уæлдæр профессионалон ахуырады скъолайы Ирон филологийы факультеты цур журналистикæйы хайады сарæзтмæ æмæ йæ ахуыргæнджытæ, студенттæ æмæ аспирантты зонадон æмæ сфæлдыстадон æнтыстытæм. Журналистикæйы кафедрæйы сæргъы лæугæйæ, Барис уыд ацы университеты телеуынынады директор дæр. Йæ зонындзинæдтæ, уд æмæ зæрдæйы хъарутæ не ‘вгъау кодта ацы сфæлдыстадон артдзæсты иумæйаг рæзтæн. Кæддæриддæр Барис зæрдиаг æмæ цæстуарзонæй аудыдта æмæ ауды, абон дæр литературæ, журналистикæ, аивады фыццаг къах-дзæфтæ чи кæны, уыцы суинаг фæсивæдыл. У сын алкæддæр зæрдиаг зондамонæг, схæссæг фыдау удхæстæг, æргомзæрдæ æцæг хистæр. Ацы арфæйаг миниуджыты руаджы йæ фæрцы журналистикæйы, литературæйы, къабæзты курсон æмæ дипломон куыстытæ æнтыстджынæй чи бахъахъхъæдта, уыцы курдиатджын журналисттæ æмæ фысджытæ, поэттæ, аивад æмæ культурæйы æндæр къабæзты зæрдиаг зиууæттæ сты 300 фылдæр. Куыд университеты ахуыргæнæг – доцент, афтæ йæ лекцитæ сты мидисджын, дæсныйадзонæн дæнцæгтæй æххæст, æнцонæмбарæн æмæ хъуыдыйæ аив. Йæ зæрдиаг æмæ уæхскуæз архайды (20 азæй фылдæр!) ын бантыст (550 фылдæр!) цаутæ, чингуытæ, фысджытæ æмæ ахуыргæндты цард æмæ сфæлдыстадон, зонадон архайдыл дзурæг библиографион æмбырдгæндтæ, бæрæгуæттæ бацæттæ кæнын æмæ хицæн чингуытæй мыхуыры рауадзын. Иудадзыгдæр хорзæй бæрæг дары нæ Уæрæсейы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны зонадон форумты æмæ конференциты. Национ мыхуыр, литературæ, телеуынынад, радио, æрыгон

