Æмæ сфæнд кодтон баззайын. Цас зонындзинæдтæ райстон ацы дæсныйады кусынæн, æмæ мæм рас... — 19 июня 2026 г. в 12:26:11.366
Æмæ сфæнд кодтон баззайын. Цас зонындзинæдтæ райстон ацы дæсныйады кусынæн, æмæ мæм раст нæ фæкаст иннæрдæм ныццæвын. Цыма мæ ахуыры азтыл, мæ зонындзинæдтыл гадзрахатæй цæуын, афтæ мæм каст, – дзырдта йæ мысинæгтæ нейрохирург. Æхсарбеджы царды тынг ахсджиаг бынат ахсы спорт. Фыццаджыдæр, уый у æнæниздзинад. Дыккаджыдæр та, æнæ спортæй тынг зын уаид ахæм куыстмæ æдзухдæр цæттæ уæвын. Алы хирург дæр бахъуыды кæны йæ фыццаг операци. Афтæ Æхсарбег дæр. Ординатурæйы ма ахуыр кодта, афтæмæй æрбаластой фæндаггон фыдбылызы бахауæджы цардæн тæссаг гематомæимæ. Уый уыд Краснодары. – Куыд ординатор, афтæ ацыдтæн операци кæнынмæ. Тынг зын мын уыд. Мæхиуыл æууæндыдтæн, зонындзинæдтæ дæр – фаг, фæлæ мæм афтæ бирæ æнкъарæнтæ уыдис, æмæ диссаг. Афтæ куы зæгъон, æмæ нæ тыхстæн, уæд асайдзынæн. Тыхсгæ кодтон æви тæрсгæ… Тарст у, нæхицæй дæр цы нæ вæййæм æнхъæл, уымæ сарæхсыны фадат, – цыма уыцы уавæры ногæй уыд, уыйау ныхас кодта Æхсарбег. Республикон клиникон рынчындоны кусыны рæстæг Рæмоны-фырты операциты хуызтæ тынг фæпарахат сты. Се 'хсæн – сæры магъзæн, астæуыстæджы, хъуыры, риу æмæ астæуы хæйттæн операцитæ... Бафтыд ма сæм зын æмæ ахсджиаг, зæрингуырды куысты хуызæн тынг лыстæг операци – аневризмæ. – Аневризмæйы райдайæныл æвæрд æрцæуы сæрмагонд клипс. Уый йæ балхъивы. Хъæуы тынг лæмбынæг уæвын, цæмæй сæйраг тугдадзин хъыгдард ма баййафа, – дзуры дохтыр. Рæмонты Æхсарбег операцитæ кæны дæс азæй фылдæр. Йæ фæзминаг миниуджытæй иу æнæ бафиппайгæ нæу. Адæймаг бæрзæндтæм куы схизы, уæд арæх байрох кæны, кæй фæрцы йын бантыст æнтыстджын, фæлтæрдджын суæвын, уый. Рæмоны-фырт та абон дæр стыр бузныг у, бирæ зонындзинæдтæ йын чи ратта, уыцы дохтыртæй. Амондджын у, йæ куыст чи уарзы, уый. Уыдонæй иу у Æхсарбег. Æрхъæцмæ дæр нæ хъæцы йæ дæсныйадыл. Медицинæ дæр уымæ гæсгæ ахсы йæ зæрдæйы уæлдай бынат. Кæд тынг бирæ кусы, уæддæр ссары рæстæг бинонтæн, хиуæттæн. Уымæй уæлдай, Æхсарбег уарзы кæсын. Йæ тæрхæджытыл – дуне чингуытæ: "Этюды критической медицины", "Хирургия", "Хирургия нервов" æмæ æндæртæ. Адæмы ирвæзын кæнын Æхсарбег нымайы йæ царды хæсыл æмæ йæ æххæст кæны кадимæ. Ууыл дзурæг сты йæ дæсгай рынчынтæ. Абон дæр сæ рох нæу сæ ирвæзынгæнæг. Сæрмагонд æфсæддон операцимæ Ирыстонæй бирæ фæсивæд ацыд. Уыдонæй иу у зындгонд нейрохирурджы æфсымæр Сослан. Фыццаг бонæй фæстæмæ ис тохы быдыры. Æхсарбегæн, операцитæ кæмæн скодта, уыдонæй бирæтæ кувынц, æмæ сæ куывдтытæй Сослан дæр хайджын уæд! Лæгты дзуар – йе 'мбал! Рæмонты Алинæ

