Йæ хъомылгæнинæгтæ æнувыдæй фæархайынц скъолайы, республикон предметон олимпиадæты, кон... — 3 августа 2026 г. в 13:01:16.996
Йæ хъомылгæнинæгтæ æнувыдæй фæархайынц скъолайы, республикон предметон олимпиадæты, конкурсты, фестивальты æмæ дзы раззаг-дæр бынæттæ бацахсынц. Скъоладзаутæ, уæлдайдæр кæстæртæ, арæх фæвæййынц кæрæдзимæ, мæн дæр фæнды æмдзæвгæ радзурын, зæгъгæ. Уыдæттыл та кусын хъæуы, фæлæ бинонтæ сты сæйрагдæр æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаджы: скъола, ахуыргæнæг, скъоладзау. Ацы æрттигъ нырма ничи аивта, кусын ыл хъæуы ныхасæй нæ, фæлæ хъуыддагæй. Ныййарджытæ, бæргæ, сывæллæттимæ фылдæр куы кæсиккой чингуытæ, газеттæ æмæ журналтæ ирон æвзагыл. Сывæллон цыфæнды размæ-дзыд куы уа, уæддæр йæ мадæлон æвзаг хъуамæ зона. Науæд не ‘мбардзæн, æцæг ирон кæй у, уый. Нæ риутæ хойæм, аланты байзæддæгтæ стæм, зæгъгæ. Ныхæстæй йæ нæ хъæуы кæнын, фæлæ бацархайæм, Къостайы загъдау, кæрæдзийы бауарзæм, ирон адæм! – Ныр уавæр бирæ хуыздæр у, æркастытæ, конкурстæ сбирæ сты, фæлæ ма бирæ ис æркæсинаг фарстатæ дæр. Уый мæнæй аразгæ нæу, фæлæ скъолайы фæстæ, ахуырмæ цæугæйæ, абитуриенттимæ куы скæниккой ирон æвзагыл ныхас, уæд уый рауагъдонты мадæлон æвзаг ахуыр кæнынмæ разæнгард кæнид. Хорз нæу, мадæлон æвзаджы фæлварæн кæй айстой, уый дæр. Архайд иумæйаг хъуамæ уа, –ахæм у йæ хъуыды Эльвирæйæн. Йæ царды нысан у мадæлон æвзагæн лæггад кæнын, йæ сæууон стъалыйы рухс ын сабиты зæрдæтæм уадзын, йæ сыгъдæг суадонæй сын нуазын кæнын, цæмæй, куы бахъомыл уой, уæд уыцы стыр хæзна цыкурайы фæрдыгау хъахъхъæной æмæ йæ дарддæр æрдхæрæны лæварау адæттой. Ахуыргæнæджы сæйраг хæс – сывæллонæй хорз адæймаг схъомыл кæнын. Ирон зæххыл ахсджиагдæр æмæ зынаргъдæр цы сты, уыдон – ирон æгъдау, æфсарм, лæгдзинад æмæ намысæй цæмæй хайджын уой кæддæриддæр. Ацы хъуыдыйæ Эльвирæмæ равзæрд цыппаррæнхъон: Цы у ирон æвзаг мæнæн, Сæууон хурау рæвдауы мæн, Нæй рох кæнæн нæ фыдæлты хæзнатæн, Æмæ йыл стырзæрдæ ды ма кæн! ХУЫБИАТЫ Ларисæ

