Фыдвæззæджы цаутæн рохгæнæн нæй — 1 сентября 2026 г. в 12:05:58.677
Фыдвæззæджы цаутæн рохгæнæн нæй Ралæууыд та сывæллæтты ахуыры райда-йæны ног фæззæг. 1 сентябрь сывæллæттæн цины бæрæгбон никуыуал суыдзæн. Фыццаг хатт фыццаг къласмæ цы сабитæ бахызтысты, уыдонæн зонындзинæдты рæсугъд бон райдайдзæн 4 сентябры, ныр та уал нæ республикæ мысы, 22 азы размæ фыдгæнджыты азарæй æнафоны йæ мæлæт чи ссардта, уыцы сывæллæтты, ахуыргæнджыты æмæ ныййарджыты. Беслæны пырх æмæ сыгъд скъолайы кæртмæ фæндагыл 2004 азæй фæстæмæ кæрдæг нал зайы. Нæ бæстæйы æмæ дунейы алы паддзахæдтæй адæм къахихсыд баисты, стыр фыдбылыз кæм æрцыд, йæ къултæ сабиты тугæй кæм сахуырстысты, уыцы уæззау спортивон залмæ. Сæ цæссыгтæ сæрфгæ цæуынц æмæ цæуынц адæм, хæссынц дидинджытæ, веноктæ. Алчидæр æдзынæг кæсы къултыл æдзард сывæллæттæ æмæ ахуыргæнджыты къамтæм. Бирæтæ сæ сæртæ æркъул кæнынц спецназ «Альфæ» æмæ «Вымпел»-ы хъæбатырты сурæтты раз. Ацы афицертæй бирæтæ Беслæн кæм ис, уый зонгæ дæр нæ кодтой, фæлæ сабийы зын æмæ маст астæумагъз мары – нæй бабыхсæн йæ рыстæн. Номарæн мадзæлттæ райдыдтой райсомы 7 сахатыл. Скъолайы кæрты сабиты сыгъдæг удты аргъуаны уыд Стыр Хуыцаумæ кувæн литурги. 9 сахатыл та йæ дуæрттæ байгом кодта, спортивон залы фæстæ терроризмы ныхмæ арæзт ног Патриотон-культурон центр. 9 сахаты æмæ 15 минутыл скъолайы кæрты азæлыд уроктæм сæ чи хуыдта, уыцы дзæнгæрæг. Æрмæст, ацы хатт скъоладзаутæ сæ партæты бандæттыл нал æрбадтысты, фæлæ цыдысты хъыггæнæг адæм. Веноктæ æмæ дидинджытимæ залмæ бахызтысты: РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, Уæрæсейы Федерацийы Федералон æмбырды æмæ Федералон Советы уæнг Мамсыраты Таймураз, РЦИ-Аланийы раздæры Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, ведомствæтæ æмæ тыхы структурæты минæвæрттæ, районты сæргълæу-джытæ, дины кусджытæ æмæ нæ республикæйы цæрджытæ. Номарæн мадзал цæуы æдзæмæй. Иу ныхас дæр фехъусæн никæмæй ис, мыдадзын цырæгътæ, музыкæйы æнкъард зæлтæ æмæ дидинджытæ сты сæйраг «архайджытæ». Уыцы теракты фыдгæнджыты ахæсты чи уыд æмæ ма тыххæй чи раирвæзт, уыцы скъоладзаутæй бирæтæ сæхæдæг дæр ныр систы ныййарджытæ. Уыдон канд фыццæгæм сентябры нæ, фæлæ афæдзы дæргъы дæр æрбацæуынц сæ æдзард æмкъласонты æрымысынмæ. Ацы бонты дæр сæ цæссыг æнæвгъауæй калдтой хуызистытæм кæсгæйæ. Фæлæ ма нæ алчидæр ахъуыды кæнæд, сæ рыст зæрдæты æмæ хъуыдыты цавæр мысинæгтæ зилдух кодтой, ууыл. Знагæн дæр нæ зæгъдзæн дæ зæрдæ уыдæттæ бавзарын. Журналисттæй дæр сæм уæлдай хатт фарстатæ раттын ничи бауæнды. Афтæ уыдис ацы хатт дæр. Сергей Меняйло, Дзанайты Барис, Тускъаты Таймураз, Битарты Вячеслав æмæ Мамсыраты Таймураз бабæрæг кодтой ног арæзт бæстыхай-терроризмы ныхмæ Патриотон-культурон центр æмæ бирæ фæкастысты экспозициты æрмæджытæм. Ацы ран равдысты æвæрд æрцыдысты, уыцы фыдбонты цаутæн æвдисæн къамтæ, дзауматæ, нæ бæстæйы æмæ дунейы паддзахæдты журналистты статьятæ, нывтæ, проекттæ. Фадат уыдис документалон кинонывтæм бакæсынæн дæр. Центры директор Сохиты Ларисæ сын бæлвырд хабæрттæ фæдзырдта алы æрмæджы фæдыл дæр. Изæрæй скъолайы кæрты та ссыгъдысты, цал адæймаджы фæмард теракты, уал мыдадзын цырагъы. Номарæн мадзæлттæ дарддæр цæуынц. Саутæты Тамилæ, къамтæ систа Татьяна ШЕХОДАНОВА

