Ацы бонты Ирыстонмӕ уазӕгуаты ссыд колумбиаг фыссӕг, драматург, тӕлмацгӕнӕг Рубен Дарио... — 30 сентября 2026 г. в 18:26:55.090
Ацы бонты Ирыстонмӕ уазӕгуаты ссыд колумбиаг фыссӕг, драматург, тӕлмацгӕнӕг Рубен Дарио Флорес. Уый испайнаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодта Къостайы "Ирон фӕндыр". Ирыстонмӕ ссыд фыццаг хатт. Йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй йӕ уарзгӕ та бакодта Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ кӕсгӕйӕ. Бонӕй чиныгӕн уыд презентаци ЦИПУ-йы. Уый фӕстӕ йӕ Сергей Меняйло схорзӕхджын кодта майдан "Ирыстоны намысӕн"-ӕй. Изӕры та Вахтанговы хӕдзар-музейы фембӕлд культурӕйы кусджытӕ, Хетӕгкаты мыггаджы ӕмӕ дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты минӕвӕрттимӕ. Тӕлмацгӕнӕгӕн зӕрдылдарынӕн балӕвар кодтой кӕттагыл конд ныв "Нар". Йӕ автор у зындгонд нырыккон нывгӕнӕг Армен Гаспарянц.