«Мæ командир дæр Дзампатæй уыдис…»
«Мæ командир дæр Дзампатæй уыдис…» Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Ирыстоны фæсивæд æхсар æмæ лæгдзинад æвдыстой канд фистæгæфсæддонты, авиацийы, сгарæг æмæ æфсады æндæр къабæзты нæ, фæлæ ма хъæбатырæй хæцыдысты Хæстон-Денджызон флоты дæр. Уыдонæй иу уыди Дзампаты Дзабойы фырт Саламбег дæр. Райгуырд 1911 азы 15 майы Олгинскæйы хъæуы. Хæсты размæ æнтыстджынæй каст фæци горæт Севастополы Хæстон-Денджызон Тыхты былгæрæттæ хъахъхъæнæг артиллерион училищæ. Службæ кæнын райдыдта Сау денджызы флоты сæйраг базæйы 2-аг хицæн артиллерион дивизионы. Саламбеджы æрвад Дзампаты Барис куыд фыста, афтæмæй йæ фыд Аслæнбег – Саламбеджы æфсымæр (уый дæр уыдис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг), афтæ дзырдта Саламбегæй: уыди хъæбатыр, ныфсхаст, рæстзæрдæ адæймагæн баххуыс кæнынмæ кæддæриддæр – цæттæ. Барис1984 азы ацыд Севастопольмæ, йæ фыдыфсымæр кæм æмæ куыд фæмард, уыдæттæ базонынмæ. Хабар та райхъуыст афтæ, æмæ Саламбег фесæфт æбæрæгæй, Севастополь хъахъхъæнгæйæ. Базыдта, йæ фыдыфсымæр стыр æхсар æмæ лæгдзинад кæй æвдыста уыцы тугкалæн тохы. 1942 азы январы газет «Красный чернофлотец» фыста: «Хистæр лейтенант Дзампайы-фырты батарея дыууæ мæймæ ныддæрæн кодта сæдæгай мингай сармадзаны, минометы æмæ пулеметы, танктæ, æндæр хæстон техникæ, ныццагъта сæдæгай знаджы хæстоны». Уæлдæр æфсæддон разамынд уый тыххæй арфæ ракодта батарейы артиллеристтæ æмæ сæ командир Дзампаты Саламбегæн. «Куыд зонæм, афтæмæй 250 боны тугкалæн тохы фæстæ Советон æфсæдтæ рæстæгмæ ныууагътой Севастополь, хъуамæ рацыдаиккой Херсонесыл, уырдыгæй та сæ раластаиккой наутæ. Уым дæр фаг бынат се ’ппæтæн нæ уыди. Херсонесмæ цæугæйæ, Саламбег федта, æрыгон медицинон хо, æфсæддонæн йæ цæф бæтгæйæ, куыд æрхауд, уый, базгъордта йæм, аскъæфта йæ иннæ дохтыртæм, фæлæ йæхиуыл дæр суади нæмыг, æмæ æрхаудта, йæ цардæй ахицæн. Фæлæ ууыл нæ ахицæн сты мæ фыдыфсымæры тохы хабæрттæ, – фыста дарддæр Барис. – Севастополæй цы ’фсæдтæ ракодтой, уыдонæн сæ иу хай ацыдис Цæгат Ирыстон хъахъхъæнынмæ. Сæ фæндаг уыди Олгинскæйы хъæуыл. Мæ нана лæууыди нæ хæдзары раз æмæ æнкъардæй касти йæ рæзты цæуæг æфсæддонтæм. Хæдзары къулыл та фыст уыди нæ мыггаг. Æвиппайды матростæй иу бацыди хæстæг нанамæ æмæ загъта æрмæстдæр цалдæр ныхасы: «Мæ командир дæр Дзампатæй уыдис», æмæ ацыди дарддæр. Хъыгагæн, æндæр дзы ницыуал фехъуыстам, нал æй федтам уый фæстæ. Фæлæ ма базыдтам – Саламбег кæй фервæзын кодта, уыцы медицинон хо æгасæй баззад, уыди Молдавийæ, Мария Севастьянова, хæсты фæстæ йын райгуырди дыууæ сывæллоны, фырт Артем. Æцæг сæ ссарын мæ къухы нал бафтыд. Уæддæр Саламбеджы фæд бынтон сæфт нæ уыдзæн, уырны нæ. Хъырымæй нæм куыд ныффыстой, афтæмæй кæддæры карз тохы бынæтты сæфт хæстонты фæд агургæйæ, ссардтой, Дзампаты Саламбеджы нæмыгæй цъæл орден (йæ номырмæ гæсгæ). Чи зоны, уыцы информаци куы сбæлвырддæр кæнæм, уæд мын бантысид мæ фыдыфсымæры тыххæй фылдæр хабæрттæ базонын. Хъуамæ рох мачи уа æмæ мацы уа...» ДЗАРАСАТЫ Сергей, «Офицеры ВМФ – гордость Осетии» Новороссийск 2026