Куырдуаты бадæг
Куырдуаты бадæг Черчесты Сæхмырзæ фидыд цы чызгимæ уыд – Хъаммæрзаты Дадикка, уый куырдуаты фæбадт дыууæ азы. Уый бæрц фæбадт ноджы Цогойты Любæ дæр – Созæты Дебойы къайаг. Æрхæссыны агъоммæ-иу кодтой сиахсы цыд. Хастой къабайæгтæ, сæрбæттæнтæ, цъындатæ, къафеттæ хæстæгдæртæн. Чызджытæ фылдæр хатт куырдуаты бадтысты, сиахсæн-иу йæ бон ирæд бафидын куы нæ уыд, уæд. Иуæй-иутæм та хорзау каст куырдуаты абадын. Черчесты Сæхмырзæ æмæ Созæты Дебо ирæд цæмæй бафыстаиккой, уый сæм уыд. Уыдис сæм бирæ фос, цæрæг хæдзæрттыл нымад уыдысты. Хъæрæсейæн та æнæ хæс райсгæ цанæбæрæ-джы уыд ирæд бафидын. Уымæ гæсгæ хæсты бацыд, æрхаста Насхъидианы, фæлæ, уыйфæс-тæ йæ хæстæ цæмæй бафыстаид, уый нæ уыд, æмæ 1912 азы Америкæмæ куыстагур фæцыд. Уырдыгæй фервыста æхца, бафыста йæ ирæды хæсрайст, фæлæ йæхæдæг уым бацарæфтыд. Ам ын баззад лæппу – Хъауырбег. Америкæмæ ма ацыдысты амондагур Цъамадæй Хъайттаты Угъалыхъ, Уырымты Гæбис æмæ Черчесты Тæтæрхъан. Уыдон дæр уым байсæфтысты. Куырдуаты ма бадтысты, чызжы-иу чи куырдта, ууыл исты бæллæх куы ’рцыд, уæд. Фæлæ уæддæр сæйрагдæр аххосаг уыд ирæд. Тынг рагæй баззад, æрыхъуыст æмæ ма ныр дæр фæкæнынц куырдуаты бадæг чызджыты цæгъдтытæ. Нæ хъæуккаг сидзæр чызг Черчесты Уæлга арæх кодта уыцы цагъд æмæ-иу цæссыгкалгæ фæндыримæ зарыд. Æппæтæй тынгдæр та йæ кодта, уæлдæр куыд загътон, афтæ Черчесты Бабуца... Уымæн та йæ уарзон Пагæты Брахъ мард фæци фыдгулы къухæй, æмæ цалдæр азы куырдуаты фæбадт... Нал фæразын дыууадæс азы Куырдуаты бадын, гъей! Уайых æрбауай, нанайы лæппу – Мæ иунæг уарзон, гъей! Дæ сидзæр бонтæ мæнмæ цы ’рхастай, Мæнмæ цы ’рхастай, гъей! Балæгъстæ кæн дæ фыды ’фсымæрæн. Дæ фыды ’фсымæрæн, гъей! Цæст куы не ’ххæссы йæ бирæ фосыл, Йæ бирæ фосыл, гъей! Ирæд æрбарвит мæ тызмæг фыдæн, Ирæд æрбарвит, гъей! Уайых æрбауай, нанайы лæппу, Кæдмæ дæм бадон, гъей! Куынæуал фæразын дыууадæс азы Куырдуаты бадын, гъей! Хатгай-иу дуар æхгæдæй йæ уаты зарджытæ кодта, æппындæр фидыд чи нæ уыд, сусæг уарзондзинад чи ’мбæхста æмæ æнхъæлмæ чи каст, ахæм чызг дæр... Лæппу та-иу хъуамæ зонгæ дæр ницы кодта. Кæуæгау-иу кодтой чызджы фæндыры амонæнтæ, рæсугъд æнгуылдзтыл ныдзæвгæйæ: – Уæд та иу каст мæнырдæм ракæн, Мæнырдæм ракæн, гъей! Уæд та иу симд мæнимæ акæн, Мæнимæ акæн, гъей! Дæ цæрайæ цæрон, мæхи куыд дарон, Мæхи куыд дарон, гъей. Ох, гыцци, уæдæ цы кæнон, Нырма куыд цæрон, гъей! *** Фæсивæд-иу арæх фæндыры цагъдмæ зарыдысты ноджы: Лæппу: Де ’хсæв хорз уа, не ’фсин, Цæй æнкъардæй бадыс? Къуырма, гоби цыма фæдæ, Цыма дын кæндзынæн, гъей! Чызг: Æрбайхъус-ма, лæгай, Æз куынæуал фæразын Дæ мад æмæ дæ фыдæн лæггад кæнынæй, Райсом раджыйæ æхсæвы æмбисмæ Цырагъау уырдыг лæууын. Лæппу: Ныууадз-ма, мæ хур, Ныхъхъус у фæлтау. Хъуыддæгтæ нын сты фыдæлтæй баззайгæ, Хъуамæ сыл алчи дæр Хæцын фæраза, Нæ цардæн сты фидауц. Иумæ: Де ’хсæв хорз уа, не ‘фсин, Цæй æнкъардæй бадыс. Къуырма, гоби цыма фæдæ, Цыма дын кæндзынæн, гъей! «Уæд та мæм равдис...» (Дуэт) – Нанайы буц чызг, мæ хуры фæрдыг, Мæ хуры фæрдыг! Куы мæм равдисис дæ хъуымбыл дзыкку, Дæ хъуымбыл дзыкку. – Цæмæ равдисон мæ хъуымбыл дзыкку, Мæ хъуымбыл дзыкку? Куыннæ федтаис сау бæхы дымæг. Сау бæхы дымæг? – Уæ та мæм равдис дæ дыууæ цæсты, Дæ дыууæ цæсты. – Цæмæн равдисон мæ дыууæ цæсты, Мæ дыууæ цæсты? Куыннæ федтаис сæууон ыстъалы, Сæууон ыстъалы? – Уæд та мæм равдис дæ дыууæ ’рфыджы, Дæ дыууæ ’рфыджы. – Цæмæн равдисон мæ дыууæ ’рфыджы, Мæ дыууæ ’рфыджы? Куыннæ федтаис хуссайраг калмы, Хуссайраг калмы? – Уæд та мæм равдис дæ дыууæ хъусы, Дæ дыууæ хъусы. – Цæмæн равдисон мæ дыууæ хъусы, Мæ дыууæ хъусы? Куыннæ федтаис Æргъайы хъустæ, Æргъайы хъустæ? – Уæд та мæм равдис дæ дыууæ уадулы, Дæ дыууæ уадулы. – Цæмæн равдисон мæ дыууæ уадулы, Мæ дыууæ уадулы? Куыннæ федтаис сырхварс фæткъуытæ, Сырхварс фæткъуытæ? – Уæд та мæм равдис дæ дыууæ былы, Дæ дыууæ былы. – Цæмæн равдисон мæ дыууæ былы Мæ дыууæ былы? Куыннæ федтаис къафетты сыфтæ, Къафетты сыфтæ? – Уæд та мæм равдис дæ дæллагхъуыртæ, Дæ дæллагхъуыртæ.