Ахъæбыс ын кæн…
Ахъæбыс ын кæн… Искæмæн хæс раттыны размæ йын ахъæбыс кæн. Гæнæн ис, æмæ йæ фæстаг хатт уыныс. Æдылыйæн – бынат Хорз коллективы æдылыйæн дæр бынат разындзæн. Хуыцаумæ куывтой… Сауджын амард. Уыцы бæсты йын йæ хъуыддæгтæм æркастысты æмæ йæ зындонмæ рарвыстой. Йæ тæккæ размæ та – автобус скъæрæджы дзæнæтмæ. – Уый та куыд? – загъта сауджын, – цæрæнбонты Хуыцауæн фæлæггад кодтон, адæммæ сидтæн, цæмæй йæм кувой, æмæ ныр – зындонмæ? – Ды адæммæ куы сидтæ, уæд-иу бафынæй сты. Уæртæ уый автобус куы скъæрдта, уæд та иууылдæр Хуыцаумæ куывтой! Мæ сарайæн мын бафидут! – Алло, базæ у? – Раст не ‘рбахаудтат. Ракетæты базæмæ æрбадзырдтат. – Уый сымах раст не ‘рбахаудтат! Мæ сарайæн мын чи бафиддзæн? Мæ хур, мæ тæрхъус – Мæ хур! – Цы кæныс, мæ гæдыйы лæппын? – Мæ сызгъæрин кæсаг, аходæн ма ацараз! – Ныртæккæ, мæ чысыл арс! – Бузныг, мæ зæрватыкк! – Табуафси, мæ тæрхъус. – Фæлæу ма, фæлæу! Ды дæр мын мæ ном нал хъуыды кæныс?!