Нæ уарзон
Нæ уарзон лирикон зарæджы кадæн Диссаг та куыд нæу, диссаг, ирон адæмы уарзондæр зарджытæй иу – «Цы сусæг кæнон» – йæ æстай азы сæрты кæй акаст, уый! Къуыри раздæр Кировы районы Комсомольскы хъæуы (Даскъоф) ацы зарæджы 80 азы кадæн сарæзтой уæлæмхасæн æрымысæн изæр. Йæ саразджытæ æнхъæл дæр куыд нæ уыдысты, афтæ къорд боны фæстæ зарæджы фæдыл тыхджын адæмон змæлд Цæгат Ирыстоны арæнты сæрты ахызт. Бирæтæ зарæг адæмон æнхъæлынц, фæлæ йын ис автортæ – Комсомольскы хъæуккæгтæ – музыкæ йын ныффыста Сидахъаты Залухан, йæ ныхæстæ та – Дзиуаты Хадзбечыр. Бирæ азты дæргъы «Цы сусæг кæнон» уыдис æмæ абон дæр у нæ уарзондæр ирон лирикон зарæг. Йæ бындуры æвæрд ис хуымæтæг æмæ зæрдæмæхъаргæ дзырдтæй фыст чызджы сусæг уарзты рæсугъд æнкъарæн лæппумæ. Абон зарæг зарынц алы кары, дæсныйæдтæ æмæ адæмыхæттыты минæвæрттæ – флэшмобы архайджытæ. Заргæйæ сæ видеороликтæ фыссынц Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы районты, стæй Уæрæсейы регионтæ – Кæсæг-Балхъар, Хъалмыхъхъ, Красноярск æмæ Тюмены цæрджытæ. Акцийы, кæй зæгъын æй хъæуы, архайынц Хуссар Ирыстоны цæрджытæ дæр. Комсомольскы хъæуы социалон хызты ныридæгæн мыхуыргонд æрцыдысты 40 видеороликæй фылдæр. «Цы сусæг кæнон» азæлы бинонты ‘хсæн, мыггæгты куывдтæ æмæ чындзæхсæвты, æмбæлтты фембæлдтыты, кусæг коллективты, æрдзы хъæбысы фæлладуадзæн рæстæг. Кæй зæгъын æй хъæуы, мадзалы алы архайæг дæр æй йæ хиæмбарынадмæ гæсгæ зары, фæлæ сæ иу кæны Ирыстоны музыкалон бынты уарзон иуæг бахъахъхъæнын æмæ йæ фидæны фæлтæртæм фæхæццæ кæныны фæндон. Флэшмобы фарс рахæцыдысты РЦИ-Аланийы адæмон артисттæ Газайты Еленæ æмæ Хъуысаты Эльвирæ дæр, стæй ирон блогертæ. Мыхуыргонд видеороликтæм кæсынц æмæ сын аргъ кæнынц мингай адæймæгтæ, цымыдисаг сын у зарæджы сарæзты истори. «Махæн ацы флэшмоб æрмæст сфæлдыстадон акци нæу. Уый нын фадат дæтты иу хатт дæр ма диссаджы лирикон, зæрдæйы уидæгтыл чи ‘ндзæвы, нæ национ культурæйы хай чи сси, уыцы зарæг саразджыты æрымысынæн. Уæлдай ахсджиаг хъуыддаг та уый у, æмæ йæ абон алы кары минæвæрттæ нæ бæстæйы алы рæтты кæй зарынц. Афтæмæй хъахъхъæд цæуы алы рæстæ- джыты бастдзинад, Сидахъаты Залухан æмæ Дзиуаты Хадзбечыр та ног фæлтæрты зæрдæты цæры», – зæгъы Комсомольскы хъæуы администрацийы сæргълæууæг Аулохты Валери. Зарæджы авторты сæнусон кæныны тыххæй хъæуы куыст дарддæр цæуы – Комсомольскы ацы аз сæ номыл байгом кæндзысты сквер. Æхсæнадон фæзуат нывылгонд цæуы национ проект «Инфраструктурæ цардæн»-ы фæлгæты. Флэшмобы автортæ хонынц мадзалы архайынмæ, «Цы сусæг кæнон» азаргæйæ, цæмæй иумæ бахъахъхъæнæм йæ саразджыты нæмттæ, рæстæджы фæлмы ма аныгъуылой, сæ зарæг та цæра æнусты. ГАПБАТЫ Алетæ