Ирон адæм та æрымысыдысты сæ уарзон хъæбул , ирон адæмы æрттивгæдæр стъалы, ирон литера...
Ирон адæм та æрымысыдысты сæ уарзон хъæбул , ирон адæмы æрттивгæдæр стъалы, ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы рухс ном. Куыд Ирыстоны æппæт ахуыргæнæндæтты , афтæ нæ Ахуырады центр " Диалог " - ы дæр æнæхъæн къуыри цыдысты кадджын мадзæлттæ. Къуырийы фыццаг бон не скъолайы æрбахизæн сфæлгонц кодтам цымыдисаг равдыстытæй. Дыккаг бон арæзт æрцыд Къостайы æмдзæвгæтæ хуыздæр бакæсыны конкурс " Къостайы поэзийы базыртæ" . Сывæллæттæ тынг зæрдиагæй кастысты Къостайы æнæмæлгæ уацмыстæ. Киситы Заремæ æмæ Гасситы Фатимæ тынг зæрдиагæй бацархайдтой уыцы хъуыддагыл. Уæдæ цавæр бæрæгбон фидауы æнæ фæндырæй? Сарæзтам ирон хъазт. Сывæллæттæ тынг аив кафыдысты. 15 - æм октябры та 5 - æм æмæ 6 - æм кълæстæ абалц кодтой Къостайы райгуырæн хъæу Нармæ. Бабæрæг ын кодтой йæ хæдзар - музей. Тынг æхсызгон æнкъарæнтимæ æрцыдысты фæстæмæ. Иу ныхасæй , нæ Ахуырады центры ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ сæхиуыл нæ бацауæрстой , цæмæй уыцы кадджын мадзæлттæ нывыл ацыдаиккой. #Къоста167