⚜Абон нæ республикæйы бæрæг кодтой Ирон æвзаджы бон. — 15 мая 2026 г. в 18:39:13.671
⚜Абон нæ республикæйы бæрæг кодтой Ирон æвзаджы бон. Уый фæдыл не скъола - интернаты ацыд бæрæгбон «Ирон æвзаг, мæ зынджы хай, мæ арт..!». Йæ саразыныл бацархайдтой ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ Дауиаты Эльзæ æмæ Касаты Фатимæ. Бæрæгбон кæд æрыгон у, уæддæр ын ис стыр ахадындзинад. Ам чи æрæмбырд, уыдон архайынц се вæрæн бахæссын мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны хъуыддагмæ. Ныртæккæ фæсивæд тырнынц ирон æвзагыл дзурыныл. Фæнды мæ, цæмæй нæхи ирон мадæлон æвзаг рох ма уа, æмæ иууылдæр Къостайау лæггад кæнæм. Абоны бæрæгбон баиу кодта алы фæлтæрты дæр. Се ппæт дæр дзырдтой мадæлон æвзаджы хъысмæтыл, фыдæлтæй нын цы хъæздыг бынтæ баззад, уыдон ма фесафыныл. Фæнды мæ, цæмæй уарзат æмæ нæ Иры разагъды лæгтау уе `вæрæн хæссат ирон æвзаджы парахатдзинадыл..." - загъта йæ арфæйы ныхасы скъолайы разамонæг Пухаты Ларисæ. #ШколаИнтернатБароеваГизель #образование15 #день_осетинского_языка

