Абон у сывӕллӕтты хъахъхъӕныны ӕппӕтадӕмон бон! — 1 июня 2026 г. в 16:04:09.136
Абон у сывӕллӕтты хъахъхъӕныны ӕппӕтадӕмон бон! Цыма цы ис сабийӕ адджындӕр зӕххыл! Цыма цы ис хъӕбулӕй зынаргъдӕр царды! Нӕ удылхӕцджытӕ! Нӕ цинтӕ ӕмӕ нӕ рухс! Нӕ сомбон ӕмӕ нӕ абон! Нӕ ныфсытӕ! Уыдонӕн курӕм Хуыцауӕй царды ӕппӕт хӕрзтӕ, амӕндтӕ! Амондимӕ байрӕзӕнт цъӕх арвы бын ӕппӕт сывӕллӕттӕ дӕр! Хъуысӕд нӕм сӕ хъӕлдзӕг худт! Сӕ фӕндӕгтӕ царды уӕнт даргъ ӕмӕ уӕрӕх!

