«Алайнаг гимназ» зæрдиагæй байгом кодта йæ дуæрттæ йæ уарзондæр ахуырдзаутæн æмæ ног са... — 4 сентября 2026 г. в 12:39:19.778
«Алайнаг гимназ» зæрдиагæй байгом кодта йæ дуæрттæ йæ уарзондæр ахуырдзаутæн æмæ ног сабитæн - фыццагкъласонтæн! Нæ скъола раст цыма йæ хуыз сивы! Сабиты хъæлдзæг уынæрæй та адæймаджы зæрдæ раст ноджы ирддæр барухс вӕййы! Дыууæ къласы фылдæр фæцис нæ скъола. Уыцы гыццыл цъиутæн сæ бæрæгбон кафт æмæ зардæй барæсугъд кодтой хистæр кълæсты ахуырдзаутæ. Бæрæгбонмæ саккаг кодта РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукӕйы министрады национ хайады сӕргълӕууӕг Солтанты Джульеттӕ ӕмӕ зынаргъ ныййарджытӕ.

