🍂Сызгъæрин фæззæг та æрцыд Ирыстонмæ. Сызгъæрин æмæ алæмæт фæззæджы 15-æм боны 1859 аз...
🍂Сызгъæрин фæззæг та æрцыд Ирыстонмæ. Сызгъæрин æмæ алæмæт фæззæджы 15-æм боны 1859 аз Ирыстонæн йемæ æрбахаста стыр ныфс рухс фидæнмæ æмæ йæ сфæлдыста Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайæ. Уæдæй абонмæ рацыд 167 азы. 🍂Къоста уыд тохгæнæг, рæстдзинад æмæ намысы сæрхъуызой. Къоста фидар бындур æрæвæрдта ирон аив литературæйæн, йæ ном абон тæмæнтæ калы стъалыйау, зæлдаг тырысайау фæйлауы нæ сæрмæ. Æмæ цас фылдæр рæстæг цæуы, уыйбæрц ирддæр кæны йæ фæлгонц адӕмы ӕмӕ рӕзгӕ фӕлтӕры удты. 🍂Къостайы кадджын ном мысгӕйӕ, къуырийы дӕргьы скъолайы арӕзт ӕрцӕудзысты алыхуызон мадзалтӕ. Ӕппӕт кълӕсты та йӕ абон райдыдтой иумӕйаг къласы сахӕттӕй.