📚🎶 Абон Хетагкаты Къостайы райгуырды 167 азы фадыл нæ скъолайы арцыд литературон-музы...
📚🎶 Абон Хетагкаты Къостайы райгуырды 167 азы фадыл нæ скъолайы арцыд литературон-музыкалон композици «Иры уарзондар хъабул». Тынг зардиагæй дзы бацархайдтой 4 «а», 6, 7 æмæ 8 къласты ахуырдзаутæ. Къостайы ном, йæ поэзи, йæ аивдзинад æмæ йæ зæрдæ — нæ адæмы хæзна. Абон ахуырдзаутæ сæ курдиат æмæ сæ уарзондзинадæй равдыстой, кæй хъуамæ хъахъхъæнæм нæ мадæлон æвзаг æмæ нæ культурæ. Бузныг ахуырдзаутæн, сæ ахуыргæнджытæн æмæ æппæт, чи бацархайд, уыдонæн! Къостайы рухс ном æмæ йæ сфæлдыстад æнустæм цæрæд нæ зæрдæты! ❤️ #Къоста #ХетагкатыКъоста #167аз #ИрыУарзондарХъабул #Скъола #Ахуырдзаутæ #МадæлонÆвзаг #Культурæ