ГБУК "Северо-Осетинский государственный академический театр им.В.Тхапсаева"
Лайфстайл · 15 мая 2026 г.
🎭 Цы у ирон лӕгӕн йӕ ӕвзаг? Терчы доны сыр-сыр , Сӕнайы хохы цъуппы миттӕ, ӕви нӕ райд... — 15 мая 2026 г. в 06:10:28.080
🎭 Цы у ирон лӕгӕн йӕ ӕвзаг? Терчы доны сыр-сыр , Сӕнайы хохы цъуппы миттӕ, ӕви нӕ райдзаст кӕмтты ӕхситгӕнгӕ цы дымгӕ разгъоры,уый? Ирон лӕгӕн йе`взаг у йӕ уарзондзинады сӕйрагдӕр ӕвдисӕн йӕ фыдыбӕстӕмӕ. Абон Ирыстон бӕрӕг кӕны Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон. Махӕн, Ирон театры кусджытӕн, ацы бон у уӕлдай ахсджиаг, уымӕн ӕмӕ мах алы бон дӕр архайӕм нӕ рӕсугъд ӕвзаг парахат кӕныныл. Нӕ фыдӕлтӕй нын баззад бирӕ хӕзнатӕ, фӕлӕ дзы сӕйрагдӕр у ӕвзаг! Цалынмӕ ма а дунейыл иунӕг адӕймаг дӕр уа, иронау чи дзуры, уӕдмӕ Ирыстон дӕр цӕрдзӕн. Фӕлӕ нӕ сом бон у махӕй аразгӕ. Уымӕ гӕсгӕ уӕ мах курӕм, ма сисут уӕ къух нӕ фыдӕлты рӕсугъд ӕгъдӕуттыл,ирон ӕвзаг ӕмӕ ирон аивадыл. Уыцы хъуыддаджы та уын баххуыс кӕндзӕн уӕхи Ирон театр.🎭❤️

