Уæлдай бынат ахста Æхсары зæрдæйы мады фæлгонц. — 31 мая 2026 г. в 21:16:46.577
Уæлдай бынат ахста Æхсары зæрдæйы мады фæлгонц. 👩🍼 Ныййарæгæй зынаргъдæр ницы ис адæймагæн æмæ йæ равдисынæн поэт агуры ног ахорæнтæ, поэтикон фæрæзтæ. ❤️ Йæ алы дзырд æмæ фæлгонц дæр зæрдæйыл æмбæлы æмæ адæймаджы цыдæр фæлмæндзинады хъуыдытыл бафтауы. ✨ Æмдзæвгæ «Мады ном» зæрдыл æрлæууын кæны мады фыдæбæттæ, йæ æнæхуыссæг æхсæвтæ, йе стыр уарзондзинад хъæбулмæ.

