💫 Æрдз æмæ хъысмæт рагон хъæу Заманхъулæн радих кодтой Ирыстоны тæккæ рæсугъддæр бынат. — 30 мая 2026 г. в 15:33:57.348
💫 Æрдз æмæ хъысмæт рагон хъæу Заманхъулæн радих кодтой Ирыстоны тæккæ рæсугъддæр бынат. 🤩 Йæ алыварс сæхи айтыгъдтой бæрзонд рæгътæ, цыма йæ фырбуцæн сæ армытъæпæны дарынц, уыйау. Сæрдыгон уыдон сæ цъæх-цъæхид уыгæрдæнтæй адæймаджы цæст рæвдауынц. 🎶 Цы алыхуызон быдираг дидинджытæ сыл зайы, уыдоны адджын тæфæй та риуы дзаг улæфынæй нæ фефсæды. Лæгæн йæ зæрдæйы дуар фегом вæййы, базыртæ йыл базайы. Уыцы бæрзонд рæгътæй Заманхъулы цæрджыты амонд æмæ фарныл узæлы Дурджын бæрзонды кувæндон. Чеджемты Æхсар æнæкæрон уарзтæй уарзта йæ райгуырæн хъæу, хуыдта йæ уды цырагъ.

