👨🏻⚕️ Не `зæххон Хостыхъоты Тамерлан йе`взонг бонтæй кусы дохтырæй Республикæ Марий Элы. — 4 сентября 2026 г. в 15:02:02.183
👨🏻⚕️ Не `зæххон Хостыхъоты Тамерлан йе`взонг бонтæй кусы дохтырæй Республикæ Марий Элы. Медицинон дæсныйад æвзаргæйæ, кæддæр тынг арф ныхъхъыды кодта, сæрæхдзæн дзы кусын æви нæ. Рæстæг куыд равдыста, уымæ гæсгæ, йæ фæнд фæсмойнаг нæ фæци. 💊 Абон Тамерлан у фæлтæрджын, нымад специалист, иттæг хорз мануалон терапевт æмæ остеопат. Хостыхъойы-фырт куыд зæгъы, дзæбæхгæнын, адæмæн æххуыс кæнын йæ туджы ис. #ДæрайсомхорзИрыстон

