14 -æм боны Тъæнджы мæйы нæ рагон фыдæлты æгъдаумæ гæсгæ сбæрæг кодтам "Ногбоны бæрæгбо... — 15 января 2026 г. в 07:29:48.719
14 -æм боны Тъæнджы мæйы нæ рагон фыдæлты æгъдаумæ гæсгæ сбæрæг кодтам "Ногбоны бæрæгбон". Сабитæ, ныййарджытæ æмæ сæ хъомылгæнджытимæ иумæ скодтам адджын хыссæйæ " Басылтæ". Нæ мадзалы нысан та у - æвзæрын кæнын уарзондзинады æнкъарæнтæ ирон æгъдæуттæм æмæ традицитæм. Скъоламæ цæттæгæнæн къорды сывæллæттæ æмæ хъомылгæнджытæ, иумæ сарæзтам æмбисонды бæрæгбон.. "Хæдзаронтæ, хъæдзаронтæ" заргæйæ бацыдыстæм фысымтæм Ног азы арфæтимæ. Бахъæлдзæг кодтам фысымты. Зарыдыстæм, кафыдыстæм æмæ хъазыдыстæм. Хъæлдзæг бæрæгбон нын рауадис. Сабиты æмæ хистæрты зæрдæтæ байдзаг сты æвæрццæг æнкъарæнтæй.

