Ныстуан сабитæн — 1 июля 2026 г. в 05:41:33.327
Ныстуан сабитæн Нæ хъæлдзæг царды буц хъæбултæ, Нæ цин, нæ сомы бонты ныфс, Æвзонг фæлтæр, нанайы хуртæ, Дæттын салам сымахæн æз. Æдзух кæмдæриддæр уæ зардмæ Сæрыстырæй хæстæг тырнын. Уым æз уæ ныр, уæ фидæн цардмæ Ныфсджын зæрдæрухсæй, кæсын. Æмæ уынын уæ алы сдзырды, Уæ алкæйы цæсгомыл дæр Нæ бæстæйы ысуинаг фырты, Йæ намысы, йæ тохы сæр. Ыскафы тынгдæр риуы зæрдæ, Уæ рæнхъыты æз дæр вæййын. Сымахæн рæзынц рог мæ фæндтæ, Æмæ сæ цингæнгæ хæссын. Хозиты Яков

