МАДÆЛОН ÆВЗАГ — НÆ СÆЙРАГ АУДИНАГ ХӔЗНАТЫ ХӔЗНА! — 16 мая 2026 г. в 17:08:13.158
МАДÆЛОН ÆВЗАГ — НÆ СÆЙРАГ АУДИНАГ ХӔЗНАТЫ ХӔЗНА! Нацийы стырдæр хъæздыгдзинад у æвзаг. Æвзагыл та æппынæдзух хъуамæ куыст цæуа æмæ рæза. Афтæ куынæ уа, уæд фесæфы æмæ уый та, æгæрыстæмæй, æркæны нацийы сæфтмæ дæр. Алы нацийы минæварæн дæр йæ бон у йе ‘взаджы фæрцы равдиса йæ монондзинад, йæ культурæ, йæ миддуне, йæ ахаст æндæр нацитæм. Алы адæймагæн дæр йæ мадæлон æвзаг мады ад хъуамæ кæна. Алы адæймаг дæр мадæлон æвзагмæ уарзты æнкъарæнтæ хъуамæ мады æхсыримæ рахæсса. Алкæцы ныййарæг дæр хæрзчысылæй хъуамæ бауарзын кæна йæ сывæллонæн мадæлон æвзаг, фæлæ алы хатт афтæ нæ вæййы. Æмхуызонæй нæ мадæлон ирон æвзагæн куы аргъ кæниккам, уæд абон йæ уавæр бынтон æндæргъуызон уаид. Махæй алчидæр хъуамæ тырна йæ мадæлон æвзагыл йæ хъуыдытæ, йæ зæрдæйы фæндиæгтæ дзурынмæ. Уæд куыд æмбæлы, афтæ зондзыстæм не ‘взаг, æмæ йын кад кæндзыстæм. Мадæлон æвзаг кæй нæ хъæуы, уый у Хуыцауæй æлгъыст адæймаг, уымæн æмæ мадæлон æвзагыл зæрдæ сивын нысан кæны Фыдыбæстæ нæ уарзын. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм ирон адæмы номдзыд лæг Колыты Аксойы ныхæстæ: «Нæ фæлтæртæ цæмæй хорз хъомыл кæной, цæмæй сæ мадæлон æвзаг уарзой, уый тыххæй хъæуы ахуыр æмæ размæдзыд бинон тæ… Фыццаджы-фыццагдæр та — размæдзыд сылгоймаг-мад». О, алцыдæр сæйрагдæр мадæй цæуы, бинонтæй. Ирон æвзаджы фарн дæр саби бинонтæй хъуамæ банкъара. Хæдзары саби ирон ныхас куынæ хъуса, йæ ныййарджыты мадæлон æвзагыл газет кæсгæ куынæ уына, уæд уый дæр мадæлон æвзагæн нæ аргъ кæндзæн. Хъуамæ нæ рох ма уа, æвзагыл цас фылдæр дзурой, фыссой æмæ кæсой, уыййас фидардæр кæй кæны, уый. Уый хынцгæйæ, Цæгат Ирыстон-Аланийы раздæры Сæргълæууæг Дзасохты Александры Барамындæй 2003 азы 15 май расидт æрцыд Ирон æвзаг æмæ литературæйы бонæй. Уæдæй фæстæмæ йæ æрвылаз дæр куыд Цæгаты, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр цытджын æгъдауæй банысан кæнынц. Ирон æвзаджы бон кæд нырма æвзонг бæрæгбон у, уæддæр йæ нысаниуæг тынг стыр у. Ахсджиаг ма у уый дæр, æмæ бæрæгбон нысан кæй цæуы Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр» куы рацыд, рухс куы федта, уыцы бон. Зынаргъ ӕмзӕххонтӕ ӕмӕ нӕ каналы бафысджытӕ - Бӕрӕгбоны хорзӕх уӕ уӕд!

