✨Абон Къостайы райгуырдыл сӕххӕст 167 азы. Къоста афтӕ уарзон у Иры адӕмӕн ӕмӕ йӕ хоны...
✨Абон Къостайы райгуырдыл сӕххӕст 167 азы. Къоста афтӕ уарзон у Иры адӕмӕн ӕмӕ йӕ хонынц ӕрмӕст йӕ номӕй. ✨Къоста зӕххон адӕймаг уыд, фӕлӕ йыл адӕм афтӕ баууандыдысты - сӕ царды тыххӕй сын ахӕм ӕцӕгдзинадтӕ фыста, ӕмӕ сӕм дзуары хуызӕн кӕсын райдыдта. ✨Кӕд йӕхӕдӕг нал ис, уӕддӕр йӕ ном цӕрдзӕн ӕнустӕм. Уымӕн ӕвдисӕн абон мах скъолайы цы литературон- музыкалон мадзал арӕзт ӕрцыд, уый дӕр. 📖Къоста махӕн ныууагъта «Ирон фӕндыр» - хӕзнадон, кӕцы нӕ ахуыр кӕны царды раст фӕндагыл цӕуын. #нӕхиКъоста #ДвижениеПервых15