Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон! Нӕ иугӕнӕг! Нӕ хъӕздыг ивгъуыдӕй фӕрнӕйдзаг фидӕнмӕ фӕ... — 15 мая 2026 г. в 08:05:31.428
Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон! Нӕ иугӕнӕг! Нӕ хъӕздыг ивгъуыдӕй фӕрнӕйдзаг фидӕнмӕ фӕндаг! Абон Беслӕны 4-ӕм скъолайы сывӕллӕттыл, ахуыргӕнджытыл, ныййарджытыл райсомӕй сӕмбӕлдысты ирон фарны дзырд, ирон музыкӕйы зӕлтӕ! Ирон дзырды нӕртон тых айхъуыст ӕмдзӕвгӕты, хъӕлдзӕг ныхӕсты, зарӕджы зӕлты. Бӕрӕгбон сси ирон ӕвзаджы рухс фидӕны ӕвдисӕн. Уадз ирон ӕвзаг цӕра ӕмӕ зӕла ӕнусты! Фӕнды мӕ, куыд ысуа Ирыстон бӕллиццаг, Йӕ дзыллӕйы фарнӕй куыд кала тӕмӕн, Куыд нын уа фыдӕлты 'взаг ӕнусты цӕрӕддзаг, Нӕ хистӕр - дзырддзӕугӕ, нӕ кӕстӕр - сӕрӕн.

