Абон райсомӕй 6-æм скъолайы кӕрты се ' ппӕтыл дӕр сӕмбӕлдысты музыкӕ ӕмӕ рæсугъд ирон ... — 15 мая 2026 г. в 16:25:34.593
Абон райсомӕй 6-æм скъолайы кӕрты се ' ппӕтыл дӕр сӕмбӕлдысты музыкӕ ӕмӕ рæсугъд ирон адæмон кафт «Симд», ӕцӕг бӕрӕгбоны атмосферӕ саразгӕйӕ. 15 майы æппæт республикæйы цæрджытæ бӕрӕг кӕнынц ирон ӕвзаджы бæрæгбон. Уый фæдыл не скъолайы ацыд диссаджы мадзал. Сывӕллӕттӕ сӕ мадӕлон ӕвзагыл стыр зӕрдиагӕй ӕмӕ аивæй зарыдысты зарджытӕ, кафыдысты, дзырдтой ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ равдыстой цымыдисаг сценкӕ. Бӕрӕгбон рауад тынг хъарм, ирд ӕмӕ зæрдæмæдзæугæ. Уӕлдай ӕхсызгондӕр та уыд, сывӕллӕттӕ ирон культурӕ ӕмӕ традицитӕн цы аргъ кæнынц ӕмӕ сæм цы цымыдисдзинад æвдисынц, уый фенын. Бæрæгбоны ирон æвзаджы ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ахуырдзаутӕ хорзӕхджынгонд ӕрцыдысты Кады гæххæттытæй, скъолайы æхсæнадон царды къухбавæрд ӕмӕ активон архайды тыххӕй. Арфӕ кӕнӕм ӕппӕт архайджытӕн дӕр ацы рӕсугъд бӕрӕгбоны фæдыл!

