Ног-Бæтæхъойы хъæуы иумæйагахуырадон скъолайы æнтысджынæй ацыдис æхсæнадон змæлд «Иудзи... — 16 апреля 2026 г. в 15:39:33.609
Ног-Бæтæхъойы хъæуы иумæйагахуырадон скъолайы æнтысджынæй ацыдис æхсæнадон змæлд «Иудзинад»- арæзт ацы азы муниципалон æркаст- конкурс «Ирон дæн æз»- ы фыццаг къæпхæн. Æвæццæгæн, зæххыл ахæм тых нæй, æмæ сылгоймагимæ кæй ис абарæн. Сылгоймаг у хуры тынау рæсугъд æмæ фæлмæн. Сылгоймаг у фарн æмæ амонд хæссæг. Уæздан чызг, æгъдауджын, æфсармджын уыд кæддæриддæр кадджын ирон адæммæ. Æркаст- конкурсмæ цы æрыгон чызджытæ рахизтысты, уыдон царды мидæг кæнынц фыццаг бæрнон къахдзæфтæ, бирæ диссаджы сгуыхтдзинæдтæ бафтыд сæ къухы, фæлæ уал абон фæзминагæй равдыстой сæхи. Сты ахуыры раззагдæртæ, æгъдауæй, æфсармæй хайджын сты.Тынг цæттæ уыдысты бæрæгбонмæ. Сæхи цæттæ кодтой, сæ ахуыргæнджытæ сæм тынг зардиагай фæкастысты æмæ сын стыр бузныг зæгъæм. Нæ чызджытæ ирд ахорæнтæй равдыстой нæ рагфыдæлты рæсугъд, æнæмæлгæ æгъдæуттæ. Базонгæ нæ кодтой , куыд зонынц ирон мадæлон æвзаг, равдыстой сæ хъарутæ, сæ арæхстдзинад кафынæй, зарынæй. Муниципалон этапы архайдтой 8 ахуырдзауы районы скъолатæй - Беслæныхъæуы 4-æм , Ног- Батахъойы хъæуы, Бæтæхъойы хъæуы,Хуымæллæджы хъæуы, Фарны хъæуы,паддзахадон-фыццæгæм,8-æм скъолаты минæвæрттæ. Æркасты архайæг æвзонг чызджытæ хорз сарæхстысты радзурынмæ æмæ равдисынмæ конкурсы хæслæвæрттæ. Æркасты жюрийы уæнгтæ кæронбæттæны фехъусын кодтой ,ерысдзаутæй чи цы бæрæггæнæнтæ æмæ бынæттæ райста, уыдон: 1 бынат- Псхацæты Аминæ- Беслæныхъæуы паддзахадон астæуккаг скъолайы 8-æм къласы ахуырдзау, ахуыргæнæг -Псхацъæты Миланæ ; 2 бынат- Джимиты Агундæ- Фарны хъæуы скъолайы 11 къласы ахуырдзау, ахуыргæнæг - Хуытъинаты Маринæ; бынат- Кокойты Аминæ -Беслæныхъæуы паддзахадон 8-æм астæуккаг скъолайы 11къласы ахуырдзау, ахуыргæнæг - Дзуццаты Анжелæ; Æркаст- конкурсы архайджытæ æмæ сæ ахуыргæнджытæ хорзæхджынгонд æрцыдысты «Иудзинад»-ы Кады гæххæтытæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Ирон дæн æз. Фæхæрын ард нæ зæххæй, Ирон хæхтæ мæ уд лæууæн ысты, Ирон туг хсидгæ ме уæнгты ызгъоры Ирондзинад, уаздандзинад хæссы.

