Абон не скъола бæрæг кæны ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон. Ацы бæрæгбон у иумæйаг ...
Абон не скъола бæрæг кæны ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон. Ацы бæрæгбон у иумæйаг бæрæгбон æппæт ирон адæмæн. 15 май у Къостайы чиныг «Ирон фæндыр»-ы райгуырæн бон æмæ ирон адæмæн сси ирон фарны, æвзаджы æмæ литературæйы бæрæгбон. Алы адæймагæн дæр æрдзæй лæвæрд вæййы иу æвзаг, кæцы хуыйны мадæлон æвзаг. Мадæлон æвзаг нæ туджы ахъары мады æхсыримæ, йæ алолайы зарджытимæ, хистæрты аргъæуттæ æмæ таурæгътимæ. Мах стæм ирæттæ æмæ хъуамæ уарзæм нæ райгуырæн зæхх.
233 просмотров