Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг
Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг Кæуæгау фæзына, мыййаг, — Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг, Уый зарæд йæхи фæндиаг!.. Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин, Куы бафидин искуы мæ хæс, Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин, Нæ хъуысид мæ кæуынхъæлæс. #ДМШсГизель #Коста_167
23 просмотров