15 майы 1899 азы мыхуыры рацыд Хетӕгкаты Къостайы «Ирон фӕндыр». — 15 мая 2026 г. в 13:05:06.116
15 майы 1899 азы мыхуыры рацыд Хетӕгкаты Къостайы «Ирон фӕндыр». Ацы бон ирон адӕм бӕрӕг кӕнынц куыд Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон. Ацы бӕрӕгбоны нысаниуӕг ахсджиаг у нӕ республикӕйӕн, нӕ адӕмӕн, уымӕн ӕмӕ не ‘взаг ӕмӕ нӕ литературӕ сты аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм культурон, национ хӕзна. Махӕн нӕ хӕс у уыдон бахъахъхъӕнын ӕмӕ сӕ дарддӕры фӕлтӕртӕм, нӕ фӕстагӕттӕм фӕхӕццӕ кӕнын. Нӕ ирон ӕвзаджы ис нӕ адӕмӕн йӕ историйы, йе‘гъдӕутты, йӕ традициты ратӕдзӕн. Ирон литературӕ хъӕздыг у нӕ классикты ӕмӕ нырыккон авторты ирд, хӕрзхъӕд уацмыстӕй. Уыдоны зыны нацийы удварн, йӕ дунеӕмбарынады, йӕ миддунейы хъӕздыгдзинад, уӕрӕхдзинад. Аивадон литературӕйы уыйбӕрц хъомыс ис, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ тыхыл тых ӕфтауы, цырен ын кӕны йӕ миддунейы хуыздӕр миниуджытӕ, хъуыдытыл ӕй ӕфтауы. Абон, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнӕ 'рымысгӕ нӕй ирон дзырдаивады ӕмӕ ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг Хетӕгкаты Къостайы ном, йӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр ирон дзырдаивадӕн, йӕ адӕмӕн нывондӕн чи ӕрхаста. Абон нӕ размӕ лӕууы егъау ӕмӕ ахсджиаг хӕс – бахъахъхъӕнын нӕ хӕзнаты хӕзна – не ‘взаг, нӕ рӕзгӕ фӕлтӕры разӕнгард кӕнын царды размӕ уӕндон къадзӕфтӕ кӕнынмӕ, Ирыстоны кады тырыса бӕрзонд хӕсгӕйӕ. Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланийы культурӕйы министр Гудиаты Батраз

