1941 азы 22 июны немыцаг фашисттæ æрбалæбурдтой Советон Цæдисмæ, æмæ райдыдта æвирхъау ... — 22 июня 2026 г. в 09:47:14.764
1941 азы 22 июны немыцаг фашисттæ æрбалæбурдтой Советон Цæдисмæ, æмæ райдыдта æвирхъау хæст – Фыдыбæстæйы Стыр хæст. 1418 боны æмæ æхсæвы… Иу бон иннæмæй карздæр… Иу æхсæв иннæмæй тæссагдæр… Хæст… Мæлæтхæссæг… Хъæбулхор… О, цал æмæ цал ныййарæджы баззад фæндаджы хъæбæрыл йæ хъæбулмæ æнхъæлмæгæсгæйæ. Цал æмæ цал æвзонг чызджы фæфыдæнхъæл кодта хæст. Арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы…Мачи фæтæрсæд! Уæд æнафоны цыдысты хæстмæ, Бæстæ уыд фæлладхуыз æмæ тар. Мад йæ фыртæн тыргъы раз фæдзæхста: – Ма ныууадз дзæгъæл дæ фыды кард! Уый дын тохæй рарвыста лæварæн, Рызт йæ уæлæ хъарм туджы æртах. Æз дæуыл, мæ хур, мæ зæрдæ дарын, Ды уæлахизæй кæй раздæхдзынæ тагъд. Хæст… Фыдыбæстæйы Стыр удхæссæг хæст. Йæ коймæ дæр баризы адæймаджы зæрдæ. Цал æмæ цал хæдзармæ æрхаста фыдбылыз, æнамонддзинад? Цыппар азы дæргъы советон адæм фæцыдысты хæстон фæндæгтыл. Уымæн æмæ зæрдæйæ уарзтой, æцæгæй аргъ кодтой се стыр Фыдыбæстæйæн. Райгуырæн къæсы раз иу уыд сæ хæс – цыфыддæр знаг хъуамæ ссæст æрцæуа. Цагъары бæсты – мæлæт! Æмæ иннæ адæмты æмрæнхъ æрлæууыдысты ирон адæм дæр. Уæндонæй ныззарыдысты тохы зарæг. Нæ бæстæйы иннæ адæмтимæ иумæ уæхски-уæхск тох кодтой цыфыддæр знаджы – фашистон Германы æфсады ныхмæ. Ирыстоны минæвæрттæ уыцы хæсты сæхи куыд хъæбатырæй равдыстой, ууыл дзурæг сты ацы нымæцтæ æмæ бæрæггæнæнтæ: нæ чысыл зæххы алы цыппæрæм цæрæг дæр фæмард Фыдыбæстæйы сæраппонд карз хæсты. Гитлеры балбирæгътæ æнхъæл уыдысты, æмæ Советон Уæрæсе дыууæ мæймæ дæрæнгонд æрцæудзæн. Фæлæ сæхи бæрзæйыл бавзæрстой Советон адæмы тых æмæ хъару. Советон адæм æмæ йæ Сырх Æфсад хъæддыхæй-хъæддыхдæр кодтой, карз хæстыты æхсыстысты. Советон Цæдисы иннæ адæмтимæ иумæ ирон адæм дæр сæ тых, сæ хъаруйыл нæ бацауæрстой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Фæлæ куыдфæнды ма уæнт, кæддæр кæрон æрцыд уыцы æвирхъау сау бонтæн. Ирыстоны хæстонтæй, йæ хъул сахъ кæмæн абадт, уыдон æрыздæхтысты хæстæфхæрдæй, фæлæ уæлахиздзауæй. Сæ фæллад нæма суагътой, афтæ та ныллæууыдысты ног цард, сабыр дуг аразыныл. Сæ фæстиуджытæ адæмæй нæ уыдысты æмæ не сты рох. Уыцы куырыхон хистæрты рæнхъы сæрбæрзондæй фæлгæсынц нæ Хъæбатыр ветерантæ. Кæд сыл азтæ сæ уæз æруагътой, сæ хæстон хъæдгæмттæ сæхион кæнынц, уæддæр дзы бирæтæн нæ мынæг кæны сæ патриотон куыст фæсивæды ’хсæн. Цæгат Ирыстоны ахæм скъола нæ разындзæн сæ хæстон фæндæгты тыххæй кæм нæ ракодтой. Бирæтæ дзы царæфтыд баисты – сæ рæсугъд бæллицтæ ахастой семæ. Иннæтæ тохвæлладæй æрыздæхтысты сæ фыдыуæзæгмæ. Куыстой æмæ кусынц нæ адæмы удварнæн. Уыдон цыдысты хæсты цæхæрмæ – бирæтæ бархи, барвæндонæй. Цыдысты æрцу æмæ ма рцуйы фæндагыл. Уыдон сæ цард æмæ курдиат нывондæн æрхастой Фыдыбæстæ, Сæрибар æмæ Намысæн. Йæ цæфтæн хохау фидар чи уыди, йæ рыстыл цæстысыг чи никуы æркалдта, уыцы салдат куыдта йæ уæлахизы цинæй. Куыдтой нæ бæстæйы адæмты минæвæрттæ сæ иумæйаг Уæлахизы цинæй, хæлардзинад, æфсымæрдзинад кæй фæуæлахиз, уый цинæй. Уæлахиздзаутæ… Ирвæзынгæнджытæ… Мæлæтæй… Цагъары къæлæтæй… Æнусты худинагæй… Афтæ хуыдтой Советон адæмы уыцы бонты æппæт дунейы дзыллæтæ. Уæ кад мыггагмæ баззайдзæн цæргæйæ. Цал милуан мадæлты зæрдæтæ рыстысты! Цал милуан мадæлты зæрдæтæ тыхстысты! Цал милуан мадæлтæ калдтой цæссыг? Цал чызджы æвзонгæй баззадысты куырдуаты. Цал милуан цæссыджы уадысты уадултыл! Хæст фæцис. Æрцыд Уæлахиз, дзыллæтæ тохы уæззау азты кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы Уæлахиз. Кæрон нал уыдис адæмы цинæн!

