Уæлæсыхæй дæлæсыхмæ, — 19 июля 2026 г. в 08:11:36.909
Уæлæсыхæй дæлæсыхмæ, Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой. Ацы аз дæр — сой, алы аз дæр — сой, Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой. Уæлæ хъæды бæрзы сыфтæ, Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой. Уе 'хсæв хорз уæд, нæ фысымтæ, Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой. Фыр фæласынц уæй кæнынмæ, Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой. Фæцæуæм уæм сой кæнынмæ, Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой. Донæй скастис нард уырд, Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой. Нæ фысымтæм — ноггуырд, Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой. Цин æрцыд, куывд æрцыд, Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой. Ноггуырдимæ кæхц æрцыд, Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой. Уæлæ хъæды — арсы фæдтæ, Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой. Фæхæссæм уæм нæ арфæтæ, Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой. Хæххон тырты — цæгъдинаг, Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой. Уæ ноггуырд уæд цæринаг, Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой. Уæлæ хъæды — донджын, Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой. Чи райгуырд уый — амондджын, Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой. (Цыбырдæры тыххæй дæлдæр фыст нæ цæуы сой-сойы базард) Хъæды кæрон — арвмæ уистæ, Ноггуырд фæуæд авды хистæр. Къада куыройы — ссинаг, Чи райгуырд, уый — суинаг. Фæзынд та нæм ног дзырд, Ноггуырд суыдзæн — номдзыд. Æддæрдæм дзы балкъон уыдзæн, Ацы ноггуырд булкъон суыдзæн. уыствæлладæй дзой-дзой кæнæм, Мах уæм ахсæв сой-сой кæнæм. Чындз фæуайы донмæ, Сой уæм кæндзыстæм бонмæ. Хуынкъæй скастис гæккуыри, Сой уæм кæндзыстæм иу къуыри. Хуымы астæу — губаччытæ, Ма нын æнхъæл ут къулбадджытæ. Уæ хъомдоны дыгæрдыг, Ма ныл кæнут дызæрдыг. Хъæддаг дзæргъæн йæ хъистæ, Махæн немæ — нæ хистæр. Уæртæ фырыл — джыджытæ, Немæ рæсугъд — чызджытæ. Уæлæсыхаг — Æндри, Махæн немæ фæндыр и. Уæлæ хæхты — цъититæ, Немæ — арахъ, чъиритæ. Уартæ къуымы — цæджджинаг, Махæн немæ — фыдджинаг. Уалæ къулыл — дидитæ, Рахæссут нын чъиритæ. Уæлæ хъæды — гæнгæлы, Рахæссут нын бæгæны. Дзæлв уис нын зыр-зыраг, Сæ бæгæны — сыр-сыраг. Се 'фсины нæй иу зонæг, Рахæссут нын — физонæг. Дуары æвдузæн хъыс-хъыс кæны, Сæ физонæг цъыс-цъыс кæны. Кауы михтыл — дурынтæ, Физонæгимæ нын — нурытæ. Хуымы кæрон — сæ гутон, Рахæссут нын æлутон. Мæстæй ма нæ ма марут, Сыкъатæ дзагæй æрбадарут. Ноггуырды фыд — амондджын, Рахæссут нын давонджын. Æлхуыйы уæлæ — тæбинаг, Рахæсс цыхтытæн сæ бинаг. Уæлæ доны цæнды дуртæ, Фæцæуæм уæм Сой-сойгуртæ. Уæлæ хæхты — дзуæрттæ, Тынгдæр байгом кæнут дуæрттæ. Сæ тæрхæгыл — къустæ, Ма ныл кæнут бустæ. Къодахы кæрон лыг уыдис, Мах æрбацыд уын хъыг уыдис. Хъæды сæрмæ адаг уыд, Исты уал нын адарут. Комы сæрмæ сæ дзуæрттæ, Нæ гом кæнынц сæ дуæрттæ. Ма нын кæнут маст, Фæлтау нын саразут хъазт. Уæлæ къулыл — лалым бæттæн, Ацæут, дам, нал уын дæттæм. Зилгæ дымгæ чъылдым футт, Æнхъæлдæн æмæ чъынды стут. Базы хуылфы — бумбулитæ, Нæ фысымтæ — маймулитæ. Дугъон сиргæ нал кæны, Æфсин худгæ нал кæны. Цæгаты сыфтæр ныххус и, Се ' фсин кæмдæр ныхъхъус и. Фыййауы къæбæр йæ хызыны, Адонæн се 'фсин куы нæ зыны. Уартæ къуымы — мыст, Цæй-ма æфсин — сыст. Уыдон ахæм не сты, Бынтон чъынды не сты. Сæ нурытæ — фæззæг сагъд, Сæ къонайæ фæздæг скалд. Сæ нымæтхуд — баруади, Сойы тæф сæ ракалди. Сæ рудзынг нæм хойынц, Мидæмæ нæ хонынц. Фысым йæхи адаста, Фынг нæ размæ рахаста. Сæ артдзæсты — зынгтæ, Æрæвæрдтой нын фынгтæ. Йæ астæуыл кæрцы бæттæн, Адоны æфсин — кæрдзындæттон. Сæ кауы сæр — уасæг уасы. Адоны æфсин уазæг уарзы. Дугъон сиргæ нал кæны, Хистæр сидгæ нал кæны. Уæлæ хъайван фæтасыдис, Махæн нæ хистæр фæрасыг ис. Хуымы астæу — неси, Йæ бон сыстын не сси. Бæласы къалиу — фæтасыдис, Сæ лæг къуымæлæй фæрасыг ис. Хъæуы кæрон — сæ рæгъау, Сæ чындз лæууы — цырагъау. Уыгæрдæны — мæкъуылтæ, Чындз æфсæрмæй ныкъкъултæ. Тохъылы цармæй кæрц уыдзæн, Иннæ аз дæр кæхц уыдзæн.

