Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры байгом кодтой Хъæрджынты Варварæ æмæ йæ фыд Савелийы номыл ...
Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры байгом кодтой Хъæрджынты Варварæ æмæ йæ фыд Савелийы номыл мемориалон фæйнæг. Мемориалон фæйнæг байгом кæныны хъæппæрис разынд Хъæрджынты мыггаджы хистæр Дзамболатмæ. Ныффидар æй кодтой цы хæдзары цардысты, уый къулыл. Мадзалмæ æрбацыдысты ирон театры артисттæ, Хъæрджынты мыггаджы минæвæрттæ, хæстæджытæ, скъоладзаутæ. Мадзал амыдта ирон театры артист Битарты Алыксандр. Кæронбæттæны, мемориалон фæйнæджы цур сæвæрдтой дидинджытæ.