Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы ацыд Гуыцмæзты Алешы номыл мысæн изæp.
Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы ацыд Гуыцмæзты Алешы номыл мысæн изæp. Алешы райгуырдыл Рухæны мæйы 10-æм бон сæxxæст уыдаид 75 азы. Алеш райгуырд Хуссар Ирыстоны Ортъеугомы Гуыцмæзты хъæуы. 1972 азы ссис Мæскуыйы Литературон институты студент. Куыста журнал «Фидиуæг»-ы прозæйы хайады æмæ стæй бæрнон нымæрдарæй. Йе ‘сфӕлдыстадон бынтӕ сты прозӕ, аргъӕуттӕ ӕмӕ роман «Ӕгас нӕм цу». Алеш фӕмард 1992 азы 25 майы гуырдзиаг-ирон быцӕуы рӕстӕг.