Адæмты иудзинад - бæстæйы тых!
Адæмты иудзинад - бæстæйы тых! Единство народов- сила страны! «ÆГАС ÆРЦУ, АДÆМТЫ ИУДЗИНАД!..» Кæрæдзийы уарзгæйæ цæрут, ме’фсымæртæ!.. Къоста. Ис нæм, ис, ахæм иу бон:- ‘Ппæт адæмты Иудзинад!.. ‘ Мæ уæм ыз сидын абон: « Æрхæссæд уын циндзинад!..» Тæхудиаг уай, Ирыстон!- Сæдæгай адæмтæн иу дæ! Хæлардзинад домбай у- Стæм иу мады хъæбултау! Мад- Уæрæсейы нымайæм. Кувæм алкæд йæ хуртæм… Æмæ иу хъуыддаг æз курын: Иры ма кæнæи дихтæ- “ Æз- ирон, ды - дыгурон, Чысан, къуыдар- нæ сихтæ!..” Бауарзæм, цæй, кæрæдзи, Дзурæм диссаджы ‘‘взагыл! Хуыздæр амонд кæй фæци, Уый бафæзмæм нæ уагыл. Æрттив нын, нæ уарзон Ир! Дидинæг кал æрвылбон!.. Цард- амонд, ма у гæлир- Рухс - кæстæртæн сæ сомбон! 02.11-2025- м аз Хъайтыхъты Риммæ.
Канал в каталоге Максиметера
3 089 подписчиков · Госорганы и учреждения