Йæ ист кинотæм лæмбынæг кæсæг дзы уысмы бæрц фендзæн Зыгъуытаты Ларисæ æмæ Баситы Тотыр... — 13 июля 2026 г. в 13:19:48.442
Йæ ист кинотæм лæмбынæг кæсæг дзы уысмы бæрц фендзæн Зыгъуытаты Ларисæ æмæ Баситы Тотыры дæр. – «Волшебная папаха»-йы лæгæты сценæ куы истой, уæд дзы мах дæр, Дзывгъисы сывæллæттæ, бахаудыстæм. Хъуыды ма кæнут, фыс кæм физонæг кодтой, уыцы ныв? Уый сын нæ сыхаг Хъыргъаты Тотыр балæвар кодта. Бирæ кинонывтæ систа Куырттаты комы хъæуты Нарик. Дзывгъис, Цымыти, Лæц – абон дæр ма сæ æрымысынц хохæгтæ. Зоныс, кинонывтæ цы лæгæты систой, уый Дзывгъисы фидары кæй ис, Лæцы Дулаты хæдзары та систой, Годжыцаты Исахъ ахæстоны кæм бадт, уыцы ныв, – хабæрттимæ нæ зонгæ кæны, киноныв исгæйæ дзы чи архайдта, уыцы лæппу, ныр – Дзывгъисы кувæндонæн лæггадгæнæг лæг Елхъанаты Хъазыбег. – «Буйный Терек»-ы чи хъаздзæн, уыцы актертæ бæрæг уыдысты, æрмæст Солтанбеджы рольмæ никæй уыд нæ бон ссарын. Ирон театрмæ бахизгæйæ кæсын, æмæ лæууы бæрзонд, саджы фисынтыл амад кæмæй фæзæгъынц, ахæм лæппу. Уый уыд Хуыгаты Сурен, байстон æм мæхи æмæ йæм дзурын, кинонывы ахъазын дæ нæ фæнды, зæгъгæ. Разыйы дзуапп дзы куы фехъуыстон, уæд ын рæстæг æмæ бон сæмгъуыд кодтон, æрбацу, æмæ афæлвар, зæгъгæ. Кинокомплексмæ раздæхгæйæ, Нарикæн бамбарын кодтон, Солтанбеджы рольмæ кæй ссардтон актеры. Ме ‘нæзонгæ дæ, зæгъгæ, бахудт. Дыккаг бон Сурен таксийæ куы рахызт, уæд цыппæрæм уæладзыджы рудзгуытыл иууылдæр баныхæстыстæм – кæрты Солтанбег кæй æрбацæйцыд, уый гуырысхойаг нал уыд, – йæ мысинæгтæ дзуры Зыгъуытаты Ларисæ. Ацы аивадон лентæ Æгъуызарты Æхсарбеджы царды уыд сæйраг киноныв. Ирон студимæ хуыздæр специалистты хуыдта кусынмæ, Владимир Мотыльимæ йыл Бырнацты Измаил кæрæй-кæронмæ бакуыста режиссер-æвæрæгæй. «Цы диссаджы специалисттæ нæм уыд!» – дисы бацæуы абон дæр режиссер. Центрон телеуынынады программæ æвдисгæйæ ма йæм бафтыдта, зæгъгæ, стæм къуыри уыд, сæ киноныв сын кæд нæ равдыстой. – Арæх нæ-иу фарстой, иннæ рæттæй цæмæн хонут актерты, Ирыстоны нæхи актертæ нæй, зæгъгæ. Политикæ ахæм уыд, Ирыстоны киноаивад æрбамбырд кодта Цæгат Кавказы æппæт сфæлдыстадон тыхтæ, уыцы республикæты хуыздæр актерты дзы истой. Уый уыд нациты иугæнæг цæг, нывæст цыдысты хæлардзинады тæгтæ. Ницавæр революци хъуыд, æрмæст кинематографийы бон дæр уыд уыцы хъуыддаг æххæст кæнын. Æрæджы Нарикимæ уынджы тезгъо кодтам, æмæ нæм хæрзаив чызг æрбахæстæг: «Измаил Петры фырт, нал мæ хъуыды кæныс? Фенын дæ, фæлæ дæм æфсæрмы кæнын бацæуын. «Семейная драма»-йы гыццыл чызджы ролы æз хъазыдтæн. Се ‘ппæты дæр æрæмбырд кæндзынæн æз æмæ дзы раныхас кæндзынæ?» – Алырдæмты ныппырх сты, кинойы чи ахъазыд, уыдон. Бирæтæ ахицæн сты ацы рухс дунейæ, – зæгъы, йæ мойæн авгау æрхауынæй чи тæрсы, уыцы Нинæ. Уæлладжыр, Дыгургом, Куырттаты ком – ацы диссаджы бынæтты ист сты йæ кинонывты фылдæр хай Бырнацты Измаилæн. – Курдиатджын æмæ уазæгуарзон, цæстуарзон адæм дзы цæры. Æцæг патриоттæ сты, цас дзæбæх адæмтæ дзы цард… Фæнды мæ, иумæ сæмбырд кæн, кæимæ куыстон, уыдоны. Хъыгагæн, уый рæстæг æмæ фадæттæ нæ амонынц. Фæнды мæ Куырттаты комы бацæуæны фæйнæг сæвæрын æмæ йыл ныффыссын: «Ирыстоны кинематографисттæ бузныг зæгъынц комы цæрджытæн, се ‘ххуысы хай сæм кæй бахастой, уый тыххæй». 13 июлы бирæ арфæтæ ‘рбацыд Измаилæн йæхи номыл дæр йæ юбилейы фæдыл. Нæ йæ рох кæнынц, кæимæ куыста, уыдон. Сæйрагдæр та, йæ ист кинонывтыл чи схъомыл, чи хъомыл кæны æмæ сæм фидæны дæр цымыдисæй чи кæсдзæн, уыцы фæлтæртæ. ХУЫБИАТЫ Ларисæ

