Ирон киноаивады дæсны — 13 июля 2026 г. в 13:19:48.220
Ирон киноаивады дæсны (Бырнацты Измаилы райгуырды 85 азы бонмæ) Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт кусæг, Уæрæсейы культурæйы сгуыхт кусæг Бырнацты Измаил ирон киноаивадмæ стыр æвæрæн бахаста, куыд кинорежиссер, сценарист æмæ, ирон культурæ адæмы рæгъы рæсугъдæй чи хаста, уыцы интеллигент. Киноаивадмæ уарзондзинад хæссы, йæхи æмбарынхъом куы фæцис, уæдæй абонмæ. Йæ раздæры ‘мкусджытæ, хæстæг лæуд æм чи у, уыдон æй Нарикæй зонынц. Цæгат Ирыстоны паддзахадон радио æмæ телеуынынады цур ног сарæзт студийы Себетты Аланимæ систой, ирон аивадон кинонывты хæзнадонмæ чи бацыд, уыдоны фылдæр хай. Уыцы куыстмæ бæллыд йæ сабибонтæй, йе ‘мбæлттимæ иу киноныв дæр нæ уагътой æнæ бакæсгæ хæстæгдæр кинотеатр «Гигант»-ы. Фæстæдæр, горæты 5-æм скъола каст куы фæцис, уæд æй йæ фæндаг акодта уыцы студимæ, куыста звукооператоры ассистентæй. Зæрдæргъæвд уыд. Бафиппайдтой йæ æмæ сæ Бзарты Бердимæ ВГИК-мæ ахуыр кæнынмæ арвыстой. Уыцы рæстæг комитеты сæргъы лæууыд Æгъуызарты Æхсарбег, студийы директор та уыд Дзæгъиаты Георги. Цыбыр рæстæгмæ сын бантыст ирон киноаивад бæрзонд æмвæзадмæ сисын. Йæ фыццаг киноныв «Сюрприз» уыд, ничи ма сæ зыдта, фæлæ, прокаты куы рацыд, уæд сæм райдыдтой дзурын, газеттæ æмæ журналты фæзындысты æппæлæн æрмæджытæ. Газет «Советон экран»-ы уацхæссæг Файнберг цымыдис æрмæг ныммыхуыр кодта ирон кино æмæ Бырнацы-фырты фыццаг цыбырметражон комедийыл: – Иууылдæр ныл дис кодтой, цас хъару нæм ис уыйас кусынæн. Советон Цæдисы алы кæрæттæй нæм фыстой, центрон телеуынынад алкæцы киноныв не ‘рвыста фæсарæнтæм. Уырдыгæй дæр нæм бузныджы ныхæстимæ арæх дзырдтой. Уыцы фæлварæн кæй раттам, уый нæ разæнгард кодта, уыдыстæм ныфсджындæр, нæ тыхыл нын тых æфтыдта. Уырныдта нæ, ахæм разамонæгимæ уымæй бæрзонддæр æмвæзадмæ схизæн кæй ис. Хъыгагæн, нæ фæндтæ ныппырх сты, – се сфæлдыстады тыххæй кинойы критиктæ алыхуызон газетты цы æрмæджытæ фыстой, уыдон йæ къухы, афтæмæй зæгъы Измаил. Æгъуызарты Æхсарбеджы йæ бынатæй куы систой, уæд йæ ныфс амард, уæдæ, зæгъы, кæд ахæм адæймаджы аиуварс кодтой, уæд… Æмæ йын цас бантыст цыбыр рæстæгмæ саразын!.. Йæ руаджы абоны фæлтæр цымыдисæй кæсы Цæгат Ирыстоны телевизион студийы ист аивадон кинонывтæм. Уыдонимæ, Бырнацты Измаил удуæлдайæ кæуыл бафыдæбон кодта, уыцы кинонывтæ «Сюрприз», «Все сначала», «Семейная драма», «Сбереги башню», «Горская новелла», «Чегери», «Буйный Терек», «Крутизна», «Диалог», «Дезертир», «Волшебная папаха», «Тайна бронзовой головы», «И оглянулся путник». – Канд хорз ахуырад æм нæй. Хорз зыдта æмæ уыдта, киноисгæйæ кæй хъуыд райсын, уый. Актертæ бирæ уарзтой Измаилимæ кусын, уæлдайдæр хистæр кары актертæ – Годжыцаты Исахъ, Сланты Къоста, Саламты Къола. Бамбарын-иу кодта, цы йæ фæнды, уый, уыдон дæр æххæст кодтой, сæ размæ сын цы хæс сæвæрдта, уый. Режиссерæн ис бар сценаримæ ногдзинæдтæ хæссын. Киноныв «Семейная драма»-йы, бирæуæладзыгон хæдзары балкъоны бынмæ серенадæ заргæйæ сыл нывгæнæг-æвæрæг Баситы Тотыр ахорæны ведра куы равдæлон кодта, уыцы ныв дæр Гутнаты Валодяйы сценаримæ Нарик бахаста. Уæвгæ йын ахæм æрхъуыдыгонд «бахастытæ» уыд алы кинонывы дæр, – зæгъы, кинонывты æрмæджы хъайтары йæ фарсмæ ассистентæй чи уыд, уыцы курдиатджын Зыгъуытаты Ларисæ. – «Волшебная папаха» уыд мæ фыццаг куыст, куыд рухсгæнæг. Иу хъæр ныхас никæд схауд Нарикæй, куы-иу стыхст, уæддæр, цæй, иу хатт ма йæ сисæм, зæгъгæ дзы адæймаг æндæр ныхас нæ фехъуыстаид. Ацы кинонывы сценæ исгæйæ, Тлаттаты Темыр хъуамæ хъæды лыггаджы сæрты акъахдзæф кодтаид. Асæй рæз нæ рахаста, æмæ йын нæ уад йæ сæрты æнæкъуыхцыйæ ахизын. Нарик – бæрзонд лæг, æмæ та-иу ын афтæ, «кæс-ма, мæнæ афтæ ахиз», зæгъгæ та-иу ын равдыста, куыд бакæна, уый. Фæрсырдыгæй кæсгæйæ, гуыбындихтæ кодтам, – киноисæн фæзы цы хъæлдзæг хабæрттæ цыд, уыдоны тыххæй нын радзырдта ПТРК «Алани»-йы оператор Гайты Хетæг. Режиссер, бирæ адæм кæм истой, уырдæм хуыдта бынæттон цæрджыты æмæ киноисæн къорды уæнгты. Хетæг дæр дзы бахауд, аргъау исгæйæ. Бæхыл бадгæйæ, хъуамæ кадры разындаид. Æцæг ромаг легионер, зæгъгæ, уыд йæ ныхас кинонывы режиссерæн.

