🛎️Ахуыры азы кӕронбӕттӕн бӕрӕгбон «Фӕстаг дзӕнгӕрӕг» арӕзт ӕрцыд «Алайнаг гимназ»-ы 9-... — 26 мая 2026 г. в 09:08:53.814
🛎️Ахуыры азы кӕронбӕттӕн бӕрӕгбон «Фӕстаг дзӕнгӕрӕг» арӕзт ӕрцыд «Алайнаг гимназ»-ы 9-ӕм къласы ФЫЦЦАГ рауагдонтӕн, ахуыргӕнджытӕн ӕмӕ ныййарджытӕн. Хъӕлдзӕг зарджытӕй ӕмӕ кӕфтытӕй байдзаг скъола. 🤗Бӕрӕгбонмӕ нӕм саккаг кодтой кадджын уазджытӕ: «Алайнаг гимназ»-ы ӕвджидиуӕг – Битарты Вячеслав, Ирыстоны пысылмон диныл хæст адæмы муфтий – Гуæцæлты Хадзымурат, Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрады национ ахуырады хайады сӕргълӕууӕг Солтанты Джульеттӕ, Ирон æвзаджы райрæзты центры сæргълæууæг Куыдзойты Анжелæ, Ирон æвзаджы райрæзты центры сæйраг специалист – Дзытиаты Эммæ. 🤍Фӕнды нӕ зӕрдӕбын арфӕ ракӕнын нӕ рауагъдонтӕн, ног ӕнтыстдзинӕдтӕ ӕмӕ зонындзинӕдтӕ сӕ къухы ӕнцонӕй куыд ӕфтой кӕдфӕнды.

