Хетæгкаты Къоста
Хетæгкаты Къоста НЫФС Тызмæгæй мæм ма кæс, Мæ фыды зæронд, Дæ зæрдæмæ ма хæсс Мæ зæрдæйы конд! Йæ фыды фæндиаг Кæм вæййы фырт дæр? — Лæппуйæ рæдиаг Нæ вæййы æвзæр! Дæ номыл, дæ кадыл Нæ барын мæхи, — Ныууадз мæ мæ адыл, — Фæндон хорз кæм и?!. Æз топпæй нæ хъазын, Æз барæг нæ дæн; Æхсаргард ысласын Мæ бон нæу мæнæн… Фæхудæнт мыл хъалтæ, Ды се мбал нæ дæ! Мæ гутон, мæ галтæ — Мæнæн дæр цæтгæ! Мæ гутон, мæ галтæ — Мæ фæндыр, мæ зонд; Мæ кадæг, мæ зарæг — Мæ цард хоры конд. Нæ дзыллæйы зæрдæ — Мæ хуымгæнды хай; Нæ бæсты сагъæстæ — Мæ фæззыгон най… Дзаг хорæй мæ хордон, Бæркадджын мæ зæхх, Хæдтулгæ мæ уæрдон, Мæ фæндаг уæрæх… Мæгуырæй мын ма тæрс, Мæ фыды зæронд, — Дæ зæрдæмæ ма хæсс Мæ зæрдæйы конд!..