Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музейы хорзæxгонд æрцыдысты конкурс «Къоста-...
Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музейы хорзæxгонд æрцыдысты конкурс «Къоста- нæ фидар мæсыг»-ы уæлахиздзаутæ. Конкурс арæзт æрцыд журнал «Ногдзау»-ы хъæппæрисæй. Бацархайдтой дзы 468 сывæллоны Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй. Уæлахиздзаутæ систы 37-æй. Уæлахиздзаутæн раарфæ кодта Ирыстоны адæмон фыссæг Дзасохты Музафер.