Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл сæxxæст 167 азы.
Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл сæxxæст 167 азы. Къостайы фарн, Къостайы дзырд макуы бамынæг уæнт Ирыстоны! НЫСТУАН Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг Кæуæгау фæзына, мыййаг, — Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг, Уый зарæд йæхи фæндиаг!.. Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин, Куы бафидин искуы мæ хæс, Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин, Нæ хъуысид мæ кæуынхъæлæс.