Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бонмæ Лабæйы ацыд кадджын мадзал
Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бонмæ Лабæйы ацыд кадджын мадзал Уый тыххæй Хъæрæсе-Черкесмæ æрцыдысты Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ, се ‘хсæн Танделаты Розæ, сфæлдыстадон къорд «Талатæ”-йы разамонæг. Аивадуарзджытæн равдыстон концерт, Розæ Лабæйы кæстæртæн раргом кодта æрмдæсныйады cусæгдзинæдтæ. Фæстæдæp æрымысыдысты Хетæгкаты Къостайы ном, йæ цыртдзæвæны размæ йын æрбахастой дидинджытæ. Абæpæг ма кодтой Хетæгкаты Леуаны цырт дæр. 1868-æм азы Хъæрæсе- Черкесы, хъæу Лабæйæн бындур сæвæрдта. Цардысты дзы Нары комæй рацæуæг адæм. Лабæйы сабитæм «Ногдзау»-ы номæй фæxæццæ ис журналы ног номыр, кæцы баст у Къостайы номимæ. Уыимæ ма мадзал чи сарæзта, уыдонæн Сæлбиты Дианæ арвыста арфæйы фыстæг.