Хостыхъоты Зинæ — 29 июня 2026 г. в 20:22:53.596
Хостыхъоты Зинæ (1937 — 1995) МӔ ЗӔРДӔ Ызнæт дунемæ райгуырдтæ, мæ зæрдæ, Нырма рæстдзинад туджы аргь у ам. Хур тавы ’мхуызон хорзы æмæ ’взæры, Нырма цæрынц лæгсырд æмæ хæрам. Фæлæ уæддæр ыстыр фæрнджын у а зæхх, — Йæ хъæдгæмттæй та равзæры цъæх бон, Йæ риуыл уалдзæг сабийау куы хъазы, Уæд ыл, мæ зæрдæ, бацин кæнын зон. Куы уай æфхæрд, уæддæр-иу базон уарзын, Ыссудз цырагъау, макуы ахуысс, ма. Мæ ныфс, мæ зæрдæ, тохвæразон разын, Цæмæй дын зæхх гыццийы къух ысуа. Ды ма рох кæн, лæг намысджын цæмæй у, — Кæйдæр мастыл дæхи мастау дзыназ... Мæ ныфс, мæ зæрдæ, ме ’ппæт цард дæуæй у, Мæлæт дæр, уадз, дæуæй ыссарон æз. Къам арӕзт у аразгӕ интеллекты ӕххуысӕй.

