#журналыногавтор — 30 июня 2026 г. в 15:59:02.410
#журналыногавтор ДÆУМÆ Уадымсы сыбар-сыбурмæ, Денджызы уынæрмæ, Стъалыты тыбар-тыбурмæ, Сатæг-сау мæйдармæ, Дидинсыфыл ирд æртæхмæ, Булæмæргъы зардмæ, Арф, æнæбын арвыцъæхмæ, Хурыскасты артмæ, Хæхты митæхгæд бæрзæндтæм, ‘Хсæрдзæны зæллангмæ Ссу мæ лæгъстæтæм, мæ сæнттæм, Мæ амонды фæндагмæ. Зон æй: фесæфти мæ маст дæр. Нæу мæ бон быхсын. Æз ныббардзынæн. Æрмæстдæр Искæцæй фæзын. *** Мæйрухс æхсæв у ацы хатт – æлгъин: Æнуд – йæ улæфт. Й ‘алы къуым – мæрдон. Ыстъалыты æрттывд – фæливæг æмæ хин… Тæссаг æхсæв! Куы нал ын и кæрон! Кæддæр йæ тары цардис уарзты цин… Цыбыр æхсæв-иу уыд… Фæлæ – нæртон! Зӕрдиагӕй нӕ фӕнды уӕ размӕ рахӕссын журнал "Мах дуг"-ы ног автор, курдиатджын журналист, прозаик ДЗЫНЫХТЫ Аленӕйы ӕмдзӕвгӕтӕ. Аленӕ свӕлдыстадон куыстмӕ рагӕй у ӕмхиц. К Уӕрӕсейы ӕмӕ нӕ республикӕйы конкурсты лауреат, куыд литературӕйы, афтӕ журналистикӕйы къабазы дӕр. Ӕрӕджы та ссис национ литературон преми "Золотое перо Руси"-йы лауреат! Фыссы ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл. Нӕ зӕрдӕ йын зӕгъы ног ӕнтыстытӕ!

