ЦАРД – ӔВДИСӔН — 7 июля 2026 г. в 21:31:20.974
ЦАРД – ӔВДИСӔН СОТТИТЫ Риммӕ Кӕйдӕрты цард фырдзаджджын у бынтӕй – Сӕ размӕ ды рӕсугьд гауызтӕ ма тау. Фӕлтау, мӕ хур, хуымӕтӕг кусӕг дӕ Ӕмӕ дӕ хуымы хоры гага байтау. Кӕйдӕр цухъхъатӕй ма хъал кӕн дӕхи, Фӕлтау ӕмпъызт дарӕс скӕн уӕндонӕй. Хуымон галау уӕззау куысты дӕ хид Уадз, рахъарӕд дӕ хурӕй сыгъд хӕдонӕй. Схъӕлбӕрзӕйы ма рахон хӕлар. Гӕдывадимӕ макуы баком разы. Ирон хъазты дын байсдзӕнис дӕ рад, Зын сахат та фӕлидздзӕнис дӕ разӕй. Мӕнгӕй нӕ дзурынц дзыллӕтӕ: кӕрцӕн Йӕ ӕмпъузӕн дӕр хъуамӕ уа йӕхицӕй. Кӕй нӕ уырны, гъе уымӕн цард – ӕвдисӕн.

