НӔ ЗӔРДИАГ ЛӔВАР! — 20 августа 2026 г. в 19:21:06.863
НӔ ЗӔРДИАГ ЛӔВАР! МЫХУЫРӔЙ РАЦЫД ЖУРНАЛ "МАХ ДУГ"-Ы 8-ӔМ НОМЫР!!! ⚜"Мӕ удӕнцой - Ирыстон!" Абойты Зауыр-Беджы ацы ныхӕстӕ сӕрӕвӕрӕн фесты журналӕн. Ацы аз ыл сӕххӕст уыдаид 95 азы. Йӕ рухс ном нын баззад мысинагӕй. Журналы йын ӕхсызгонӕй бакӕсдзыстут йе 'мдзӕвгӕтӕ, уацтӕ, фендзыстут йӕ нывтӕ ӕмӕ къамтӕ. Номыры ис Цӕгӕраты Максимы, Калоты Хазбийы, Икъаты Владимиры уацмыстӕ сӕ мысӕн бонтӕм. ⚜Фыццаг сыфтыл уӕ зӕрдӕйыл сӕмбӕлдзӕн Хетӕгкаты Оксанӕйы интервью РЦИ-Аланийы Парламенты сӕрдар Тускъаты Таймуразимӕ. Фембӕлд рауад Таймуразы 60-азы юбилейы разагъоммӕ. ⚜Журналы ис Хуыгаты Сергейы мысинӕгтӕ Джусойты Нафийы тыххӕй. Цгъойты Хазбийы уац Александр Пушкины тыххӕй: "Поэты алайнаг туг ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ". Критикӕ ӕмӕ публицистикӕйы рубрикӕйы та мыхуыр цӕуы Плиты Сергейы уац: "Ӕвзаджы хъысмӕт Брытъиаты Елбыздыхъойы зондахасты". ⚜Журналы ма ис ӕндӕр ӕрмӕджытӕ дӕр. Уӕхӕдӕг сӕ фендзыстут!

