ХУРЫ ЧЫЗДЖЫТÆ
ХУРЫ ЧЫЗДЖЫТÆ ТОХСЫРТЫ Къоста Хуры чызджытæ Бандзæрстой арвыл, Судзгæ зынджытæ Калынц сæ артыл. Уайтæккæ ахус Арвы цъæх арынг. Дун-дуне барухс, Айсæфт сæудалынг. Арвы рæсугъдтæ Аив куыд не сты! Ахæм хæрзудтæ Хурæй кæд фесты. Зæрдæ срухс вæййы Алкæд сæ кондæй. Хур æмæ мæйы Диссæгтæ – зондæй. Иу дзы – Зæринæ, Иннæ – Ацырухс. Се ‘руаджы иумæ Фенæм цæстырухс. Исчи сæ ардæм Мæймæ куы ‘рцæуид. Салд зæххыл хъармæй Уалдзæг ыскæнид.